Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 19:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Левит йемӕ ракодта йӕ лӕггадгӕнӕджы, стӕй дыууӕ хӕрӕджы ӕмӕ йӕ номылусмӕ бӕрӕггӕнӕг ацыди. Йӕ зӕрды уыди сылгоймагӕн балӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕха. Номылус левиты йӕ фыды хӕдзармӕ бахуыдта. Уый йӕ, цингӕнгӕ, суазӕг кодта

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 19:3
16 Iomraidhean Croise  

Йаковы чызг Динӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди, бауарзта йӕ ӕмӕ йыл рӕвдауӕн ныхӕстӕй узӕлыди.


Гъемӕ ма тӕрсут. Ӕз уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ сабиты дӕр дардзынӕн». Уыцы рӕвдауӕн ныхӕстӕй Йосеф ӕрсабыр кодта йе ’фсымӕрты.


Лӕг йӕ бинойнаджы куы ауадза ӕмӕ уый ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд ма йӕм йӕ фыццаг лӕг раздӕхдзӕн? Ӕмӕ ахӕм хъуыддаг цы зӕххыл ӕрцӕуа, уый ӕгасӕй дӕр нӕ фӕчъизи уыдзӕн? Дӕуӕн та хӕзгултӕ бирӕ уыди, фӕлӕ Мӕм раздӕх! — зӕгъы Дунедарӕг. —


Уымӕ гӕсгӕ йӕ Ӕз ныр Мӕхӕдӕг ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахондзынӕн, фӕлмӕн ныхас кӕндзынӕн йемӕ.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — ды Мӕн схондзынӕ дӕ сӕрыхицау, мӕ Хицау, зӕгъгӕ, нал дзурдзынӕ Мӕнмӕ.


Дӕ зӕрдӕйы мидӕг де ’фсымӕрмӕ ӕнӕуынондзинад ма ӕмбӕхс. Ӕргомӕй йын бауайдзӕф кӕн, науӕд дӕхӕдӕг дӕр йӕ тӕригъӕдты азымджын фӕуыдзынӕ.


Исчи искӕй усимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд дыууӕйӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт — нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр.


Хуыцауӕн йӕ маст рафыхти Балааммӕ, кӕй ацыди, уый тыххӕй, ӕмӕ Дунедарӕджы зӕд цӕхгӕрмӕ ӕрлӕууыди Балаамы фӕндагыл. Ныр уый та йӕ хӕрӕгыл бадти, йӕ дыууӕ фӕсдзӕуины йемӕ.


Йӕ мойаг Йосифы, раст адӕймаг куыд уыди, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕндыди Мариайы адӕмы цӕсты бафтауын ӕмӕ хъавыди, се ’хсӕн цы фидыд уыд, уый ӕнӕ иу ӕвдисӕнӕй фехалын.


Уый дзуапп радта: «Ничи, ме ’лдар!» Йесо йын загъта: «Ӕз дӕр дын нӕ тӕрхон кӕнын. Ацу ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ тӕригъӕд мауал ракӕн».


Ӕфсымӕртӕ, исчи тӕригъӕды куы бафта, уӕд ӕй сымах, Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕстӕ, сабырӕй раст фӕндагмӕ раздахут. Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕхӕдӕг дӕр уыцы къӕппӕджы ма бахауат.


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ, мӕнӕу кӕрдыны афон, Самсон йӕ усы бӕрӕггӕнӕг Тимнӕйы сахармӕ ацыди. Йемӕ ахаста сӕныкк дӕр. Самсон загъта: «Ӕз цӕуын уатмӕ, мӕ бинойнагмӕ». Фӕлӕ йӕ чызджы фыд нӕ бауагъта:


Йӕ номылус йемӕ фӕхыл ис ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ фыды хӕдзармӕ, Иудейаг Вифлееммӕ, ацыди. Рацыди цыппар мӕймӕ ’ввахс.


Сылгоймаг сӕумӕцъӕхӕй, йӕ сӕрыхицау фысымуат кӕм скодта, уыцы хӕдзармӕ ӕрбацыди, къӕсӕрыл ӕрхауд ӕмӕ хурыскастмӕ уым баззади.


ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕм уазӕгуаты баззайа; афтӕмӕй ӕртӕ боны хордтой, нуӕзтой ӕмӕ фынӕй кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan