Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 19:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Фӕлӕ йӕм уыдон хъусгӕ дӕр нӕ кодтой. Уӕд левит йӕ номылусыл фӕхӕцыд ӕмӕ сӕм ӕй уынгмӕ ракодта. Уыдон ын батых кодтой, ӕнӕхъӕн ӕхсӕв дзы фӕхъазыдысты, ӕрмӕст ӕй боныцъӕхты ауагътой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 19:25
9 Iomraidhean Croise  

Адам ӕмуат ӕрцыд йӕ ус Евӕимӕ. Уый банхъӕлцау ис, ӕмӕ, йӕ афон куы ралӕууыд, уӕд ын райгуырди Каин. Евӕ загъта: «Дунедарӕг мын радта ацы адӕймаджы».


Гевӕйы заман цы тӕригъӕд ракодтай, уымӕй ныр стырдӕр тӕригъӕды бацыдтӕ, Израил! Фервӕзтысты уым, ӕнӕхуыцӕутты ныхмӕ хӕст куы цыди, уӕд баззадысты ӕвыдӕй.


Фехӕлдысты бынтондӕр, раст Гевӕйы куыд уыд, афтӕ. Хуыцау сын се ’нӕхуыцау митӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн.


Хъӕбӕрзӕрдӕтӕ систы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бафтыдысты ӕлгъаг хъуыддӕгтыл, чъизи митӕй сын бафсис нал ис.


Фӕлтау уын ме ’нӕцыд чызджы ӕмӕ йӕ номылусы ратдзынӕн. Фӕхъазут сӕ, цы уӕ фӕнды, уый сын кӕнут, ӕрмӕст мын мӕ уазӕгӕн ахӕм чъизи ми ма бакӕнут!»


Сылгоймаг сӕумӕцъӕхӕй, йӕ сӕрыхицау фысымуат кӕм скодта, уыцы хӕдзармӕ ӕрбацыди, къӕсӕрыл ӕрхауд ӕмӕ хурыскастмӕ уым баззади.


Ӕхсӕвы Гевӕйы цӕрджытӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты, хъавыдысты мӕ амарынмӕ. Мӕ номылусӕн мын батых кодтой, ӕмӕ амард.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan