23 Хӕдзары хицау сӕм рацыд ӕмӕ сын лӕгъстӕ кодта: «Ӕфсымӕртӕ, уӕ хорзӕхӕй, ахӕм фыдракӕнд ма саразут! Мӕ уазӕг у, чъизи хъуыддаг ма бакӕнут.
Мӕ уазджытӕ сты, ӕмӕ сӕ ма бахъыгдарут. Дыууӕ чызджы мын ис, ӕнӕрцӕф сты нырма, ӕмӕ уӕм фӕлтау уыдоны ракӕнон, ӕмӕ уӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый сын кӕнут».
Уалынмӕ быдырӕй ӕрбаздӕхтысты Йаковы фырттӕ дӕр ӕмӕ, хабар куы базыдтой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты. Сӕ маст фыхти, уымӕн ӕмӕ Шехем бакодта ӕнаккаг ми — Йаковы чызгыл тыхӕй кӕй ныххӕцыди, уымӕй фегад кодта Израилы хӕдзар. Нӕ йын ӕмбӕлд ахӕм ӕнӕуаг ми бакӕнын.
Фӕлӕ йын уый загъта: «Нӕ, ме ’фсымӕр, ма мӕ фӕхудинаг кӕн, Израилы афтӕ нӕ вӕййы. Уыцы ӕррадзинад ма бакӕн.
уӕд та сахары цӕрджытӕ сылгоймаджы йӕ фыды хӕдзары дуармӕ дурты бын фӕкӕнӕнт: фӕхудинаг кодта Израилы, йӕ фыды хӕдзары хъахбай митӕ кодта. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!
Ӕлгъыстаг дзаума кӕмӕ разына, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ исбон дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕд, Дунедарӕджы бадзырды сӕрты кӕй ахызт ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн ӕлгъаг хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй».
Ӕз ын йӕ мард дыууадӕс дихы акодтон ӕмӕ хӕйттӕ Израилы алы зылдмӕ дӕр арвыстон. Израилы тынг чъизи ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддаг ӕрцыди!