Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 19:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Уазджытӕ сӕ фӕллад уагътой. Уалынмӕ сахары цӕрджытӕ, хъахбай адӕм, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ дуар батоныныл архайдтой. Уыдон зӕронд лӕгӕй, хӕдзары хицауӕй, домдтой, цӕмӕй сӕм йӕ уазӕджы ракӕна, ӕмӕ йын батых кӕной.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 19:22
19 Iomraidhean Croise  

Йӕ бакомкоммӕ йын ӕрбадын кӕнут дыууӕ цъаммар лӕджы ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн кӕнӕнт, ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕй фӕссахармӕ ракӕнут ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкӕнут».


Дӕ хистӕр хо у Самари, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ галиуфарс, дӕ кӕстӕр хо та у Содом, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ рахизфарс.


Гевӕйы заман цы тӕригъӕд ракодтай, уымӕй ныр стырдӕр тӕригъӕды бацыдтӕ, Израил! Фервӕзтысты уым, ӕнӕхуыцӕутты ныхмӕ хӕст куы цыди, уӕд баззадысты ӕвыдӕй.


Фехӕлдысты бынтондӕр, раст Гевӕйы куыд уыд, афтӕ. Хуыцау сын се ’нӕхуыцау митӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн.


Ӕви тӕригъӕдджынтӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уый нӕ зонут? Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ,


Чырыстийӕн Велиаримӕ бафидауӕн ис, мыййаг? Кӕнӕ уырнӕджы цы бӕтты ӕнӕуырнӕгимӕ?


Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос.


Куы бахъӕлдзӕг сты, уӕд загътой: «Ӕрбакӕнут-ма Самсоны, уадз ӕмӕ нӕ ахудын кӕна!» Самсоны ахӕстонӕй ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ хӕдзары цӕджындзты астӕу ӕрлӕууын кодтой.


Ӕхсӕвы Гевӕйы цӕрджытӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты, хъавыдысты мӕ амарынмӕ. Мӕ номылусӕн мын батых кодтой, ӕмӕ амард.


Ӕз ын йӕ мард дыууадӕс дихы акодтон ӕмӕ хӕйттӕ Израилы алы зылдмӕ дӕр арвыстон. Израилы тынг чъизи ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддаг ӕрцыди!


Дӕ цагъарыл дӕ зӕрдӕ ма фӕхудӕд — мӕ маст ӕмӕ мӕ хъыг мӕ хуылфы нал цӕуынц, ӕмӕ мын банцайӕн уымӕн нал уыди».


Фӕлӕ ахӕм цъаммар адӕймӕгтӕ дӕр уыд, афтӕ чи дзырдта: «Ай у махӕн нӕ ирвӕзынгӕнӕг?» Ницӕмӕ йӕ ӕрдардтой ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ дӕр нӕ ракодтой. Фӕлӕ Саул, цыма ницы бафиппайдта, афтӕ йӕхи дардта.


Елиайӕн йӕ фырттӕ ӕнаккаг уыдысты. Дунедарӕгмӕ се ’ргом не здӕхтой,


Ме ’лдар мурмӕ дӕр ма дарӕд уыцы фыдӕбоны лӕджы, Навалы. Йӕ ном дӕр йӕ уӕлӕ куы ис — Навал, йе ’дылыдзинад йемӕ ис. Ӕз та, ме ’лдар, уынгӕ дӕр нӕ фӕкодтон де ’рвыст ӕххуырстыты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan