Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 19:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Йӕ хӕдзармӕ сӕ бахуыдта ӕмӕ сын сӕ хӕрджытӕн холлаг радта. Бӕлццӕттӕ сӕ къӕхтӕ цӕхсадтой ӕмӕ фынджы уӕлхъус ӕрбадтысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 19:21
9 Iomraidhean Croise  

Ныртӕккӕ ӕрбадавдзысты дон, цӕмӕй уӕ къӕхтӕ цӕхсат; баулӕфут ацы бӕласы бын.


ӕмӕ се ’ппӕты дӕр Йосефы хӕдзармӕ бахуыдта. Сӕ къӕхтӕ цӕхсынмӕ сын ӕрбахаста дон, стӕй сын сӕ хӕрджытӕн радта холлаг.


Уый фӕстӕ йын загъта: «Дӕ хӕдзармӕ ныццу ӕмӕ дӕ фӕллад суадз». Уриа паддзахы къӕсӕрӕй рахызти, ӕмӕ йын йӕ фӕдыл паддзахы номӕй хуын рахастой.


Йесо разылди сылгоймагмӕ ӕмӕ Симонӕн загъта: «Уыныс ацы сылгоймаджы? Ӕз ӕрбацыдтӕн дӕ хӕдзармӕ, ӕмӕ Мын ды Мӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн дон дӕр нӕ радтай, уый та Мын йӕ цӕссыгтӕй ӕрӕхсадта Мӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта.


Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты — алы хорз хъуыддагмӕ дӕр у ӕмхиц.


Уый сыстад, зӕххыл ныддӕлгом ӕмӕ дзуапп радта: «Ӕз дӕ цагъар дӕн ӕмӕ цӕттӕ дӕн ме ’лдары фӕсдзӕуинтӕн сӕ къӕхтӕ ӕхсынмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan