15 Ӕмӕ Гевӕйы ’рдӕм фӕзылдысты, цӕмӕй уым ӕхсӕвиуат бакӕной. Сахары фӕзы ӕрбадтысты, фӕлӕ сӕ йӕ хӕдзармӕ ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ ничи хуыдта.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мӕ бафсӕстат; дойны Мын уыди, ӕмӕ Мын дон радтат; уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ Мӕ суазӕг кодтат;
уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ Мӕ не суазӕг кодтат; уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл дарӕс не скодтат; уыдтӕн рынчын ӕмӕ ахӕст, ӕмӕ Мыл нӕ батыхстыстут“.
Уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый уӕ рох ма уӕд. Уазӕгуарзон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, кӕй уазӕг кӕнынц, уый нӕ зонгӕйӕ, суазӕг кодтой зӕдты.
Ӕмӕ дарддӕр ацыдысты. Бениамины зӕххыл Гевӕйы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕдмӕ хур аныгуылди.
Уыцы рӕстӕг быдырӕй фӕскуыст иу зӕронд лӕг сцӕйцыди. Уый царди Гевӕйы, фӕлӕ йӕхӕдӕг уыди Ефремы хӕхтӕй рацӕугӕ, Гевӕйы сахары та цардысты Бениамины фӕдонтӕ.
Уый йын дзуапп радта: «Мах иудейаг Вифлеемӕй цӕуӕм Ефремы хӕхты фаллаг фарсмӕ, ӕз уырдыгон дӕн. Уыдтӕн иудейаг Вифлеемы ӕмӕ ныр цӕуын нӕхимӕ. Йӕ хӕдзармӕ мӕ ничи хоны.
Уӕд сын левит, мард сылгоймаджы лӕг, дзуапп радта: «Ӕз мӕ номылусимӕ Бениамины зӕхмӕ, Гевӕйы сахармӕ, ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ бацыдтӕн.