14 Ӕмӕ дарддӕр ацыдысты. Бениамины зӕххыл Гевӕйы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕдмӕ хур аныгуылди.
Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ азы. Йӕ мады ном хуынди Михайа; уый уыди Уриелы чызг, Гевӕйы сахарӕй. Авийа ӕмӕ Йоровамы ’хсӕн хӕст райдыдта.
Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ацы хъӕутӕй иумӕ бахӕццӕ уӕм, Гевӕ кӕнӕ Рамайы ӕхсӕвиуат бакӕндзыстӕм».
Ӕмӕ Гевӕйы ’рдӕм фӕзылдысты, цӕмӕй уым ӕхсӕвиуат бакӕной. Сахары фӕзы ӕрбадтысты, фӕлӕ сӕ йӕ хӕдзармӕ ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ ничи хуыдта.
Уыцы рӕстӕг быдырӕй фӕскуыст иу зӕронд лӕг сцӕйцыди. Уый царди Гевӕйы, фӕлӕ йӕхӕдӕг уыди Ефремы хӕхтӕй рацӕугӕ, Гевӕйы сахары та цардысты Бениамины фӕдонтӕ.