Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 19:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Фӕлӕ левит ӕхсӕвы уым баззайыныл нал сразы, ӕмӕ сӕ фӕндагыл ацыдысты. Бахӕццӕ сты Йевусы сахармӕ (ома Йерусалиммӕ). Левитимӕ уыдысты йӕ номылус ӕмӕ дыууӕ хӕрӕджы ӕд уӕргътӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 19:10
7 Iomraidhean Croise  

Паддзах йӕ хӕстонтимӕ араст Йерусалиммӕ, уымы цӕрӕг йевусӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ. Уыдон Давидӕн загътой: «Нӕ дын бантысдзӕн ардӕм ӕрбацӕуын, цалынмӕ куырмытӕ ӕмӕ къуылыхты ардыгӕй аиуварс кӕнай, уӕдмӕ». Уыдон афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, Давид сахармӕ нӕ бацӕудзӕн.


Фӕлӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕм Йерусалимӕй йевусӕгты фӕсурыны хъомыс нӕ разынд, ӕмӕ абон дӕр сӕ фарсмӕ цӕрынц Йерусалимы.


Дарддӕр ахызт йевусӕгты (ома Йерусалимы) къуылдымыл, хуссарварс Хинномы фырты дӕлвӕзыл, ӕмӕ схызти, Хинномы дӕлвӕзы ныгуылӕнӕрдыгӕй цы хох ис, уый сӕрмӕ (уыцы хох лӕууы Рефаимы дӕлвӕзы цӕгатварс).


Цела-Елеф, Йевус (ома Йерусалим), Гевӕ ӕмӕ Кирйат-Иарим — цыппӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. Ахӕм уыди мыггаггай Бениамины байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон.


Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Йерусалиммӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой, йӕ цӕрджыты йын ныццагътой, сахар та басыгътой.


Уый фӕстӕ левит йӕ номылус ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгимӕ йӕхи фӕндагмӕ цӕттӕ кӕнын байдыдта. Йӕ каис та йын загъта: «Акӕс-ма, изӕрдалынгтӕ кӕны, ахсӕв ам лӕуу! Баулӕф ӕмӕ райсом сӕумӕцъӕхӕй ацӕудзыстут уӕ хӕдзармӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan