Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 19:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Израилы паддзах куынӕ уыд, уыцы заман Ефремы хӕхты фахсыл цардис иу лӕг — левит. Уый иудейаг Вифлеемӕй йӕхицӕн номылус ӕрбакодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 19:1
29 Iomraidhean Croise  

Нахорӕн ма йӕ номылус Реума дӕр ныййардта фырттӕ: Тевах, Гахам, Тахаш ӕмӕ Маахайы.


йӕ иннӕ устыты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕм.


Афтӕ амарди Рахел, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ефрафӕмӕ (ома Вифлееммӕ) фӕндагыл.


Авессаломӕн уӕлхӕдзар цатыр айтыгътой, ӕмӕ уый ӕгас Израилы раз ӕмуат ӕрцыди йӕ фыды номылустытимӕ.


Йоав паддзахмӕ йӕ хӕдзармӕ бацыди ӕмӕ йын загъта: «Ды ныртӕккӕ къӕмдзӕстыджы ӕппарыс дӕ цагъарты, тӕккӕ абон дын дӕхи, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджыты, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустыты чи фервӕзын кодта, уыдоны,


Паддзах Давид Йерусалиммӕ йӕ галуанмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд, хӕдзаргӕс кӕй ныууагъта, йӕ уыцы дӕс номылусы ӕрцӕрын кодта, хъахъхъӕнджытӕ сын кӕм уыд, ахӕм хӕдзары. Хъуаг сӕ ницӕмӕй уагъта, фӕлӕ сӕм цӕугӕ нӕ кодта. Ӕмӕ уыдон идӕдз устытау, ӕхгӕд цард кӕнгӕйӕ, цардысты уым сӕ амӕлӕты онг.


Саулӕн уыди номылус, йӕ ном — Рицпа, Айайы чызг. Иуахӕмы Йевосфет Авнерӕн загъта: «Мӕ фыды номылусмӕ цӕмӕн бацыдтӕ?»


Давид Хевронӕй куы ӕрбацыди, уӕд ма Йерусалимы дӕр номылустытӕ ӕмӕ устытӕ скодта, ӕмӕ ма йын уыдонӕй дӕр рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.


Уыди йын авдсӕдӕ усы, уӕздан мыггӕгтӕй, стӕй ӕртӕсӕдӕ номылусы, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ Хуыцаумӕ ӕруазал кодтой.


Мӕнӕ уллуты ӕмӕ сӕ чи цы зылды хицау уыди, уыдоны нӕмттӕ: Бен-Хур — уый уыди Ефремы хӕхбӕсты хицау;


Роховамӕн ӕдӕппӕтӕй уыдис ӕстдӕс усы ӕмӕ ӕхсай номылусы, ӕмӕ йын уыдонӕй райгуырди дыууын аст фырты ӕмӕ ӕхсай чызджы. Фӕлӕ йӕ устытӕй Авессаломы чызг Маахайы бӕрц никӕй уарзта.


Изӕры-иу бахызти паддзахы къӕсӕрӕй, райсомӕй та йӕ фӕндаг уыди сылгоймӕгты ӕндӕр хатӕнмӕ, паддзахы номылустытӕ кӕм цардысты, уырдӕм. Уым хицау уыди Шаашгаз. Паддзах ӕй йӕхӕдӕг ма ӕрцагурӕд, ӕндӕр ӕм чызгӕн фӕндаг нал уыди.


Хуыцау уӕ уд ӕмӕ буарӕй дӕр не сиу кодта? Ӕмӕ иу чи сси, уымӕн йӕ нысан цӕй мидӕг уыди? Хуыцау кӕй ралӕвар кодта, уыцы цоты агурын. Уӕдӕ хъахъхъӕнут уӕ удтӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр, йе ’взонджы бонты цы бинойнаджы ӕрхаста, ууыл гадзрахатӕй ма рацӕуӕд.


„Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, сӕ къаддӕр куы нӕ дӕ, мыййаг, Иудӕйы сӕйраг сахартӕн, — дӕуӕй рацӕудзӕн Фӕтӕг, Мӕ адӕмы, Израилы, Фыййау“».


Йешуайы баныгӕдтой йӕ зӕххы хайы, Ефремы хохыл Тимнат-Серахы, Гаашы хохӕн цӕгатӕрдыгӕй.


Амарди Аароны фырт Елеазар дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ фырт Пинхасы сахар Гевӕйы, Ефремы хӕхты, Пинхасӕн цӕрӕнуатӕн лӕвӕрд чи ӕрцыд, уым.


Йеффайы фӕстӕ Израилы фӕтӕг сси Ивсан, Вифлеемы сахарӕй.


Ефремы хохыл цардис иу лӕг, йӕ ном — Миха.


Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди, ӕмӕ алчидӕр кодта, цы йӕ фӕндыд, уый.


Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕппу, левит, уыцы заман царди иудейаг Вифлеемы ӕмӕ уырдыгӕй ног цӕрӕнбынат агурӕг ацыди. Ӕрбахӕццӕ ис Ефремы хохмӕ, Михайы хӕдзармӕ.


Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди. Даны хӕдзарвӕндаг, кӕм ӕрбынат кӕной, уый агуырдтой, уымӕн ӕмӕ сӕм Израилы хӕдзӕрвӕндӕгты ’хсӕн зӕххы хай афтӕ дӕр нал ӕрхауд.


Уырдыгӕй араст сты Ефремы хӕхтӕм. Михайы хӕдзармӕ куы бахӕццӕ сты,


Уыцы рӕстӕг быдырӕй фӕскуыст иу зӕронд лӕг сцӕйцыди. Уый царди Гевӕйы, фӕлӕ йӕхӕдӕг уыди Ефремы хӕхтӕй рацӕугӕ, Гевӕйы сахары та цардысты Бениамины фӕдонтӕ.


Йӕ номылус йемӕ фӕхыл ис ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ фыды хӕдзармӕ, Иудейаг Вифлееммӕ, ацыди. Рацыди цыппар мӕймӕ ’ввахс.


Уыцы заман Израилӕн паддзах нӕ уыди ӕмӕ алчидӕр, раст ӕм куыд касти, афтӕ кодта.


Ефремы хӕхтӕм ссыди ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд. Израилӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ, ӕфсады разӕй йӕхӕдӕг, афтӕмӕй хӕхтӕй ӕрцыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan