Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 18:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уыдон дзуапп радтой: «Цомут ӕмӕ схӕцӕм уыцы адӕмы ныхмӕ, мах федтам, сӕ зӕхх куыд хорз у, уый. Цӕмӕ ма кӕсут? Фӕстиат мауал кӕнут, цомут, бацахсӕм сын сӕ зӕхх!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 18:9
13 Iomraidhean Croise  

Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд».


Афтӕмӕй ныр пехуымпарты уылты уыцы фӕливӕг мон дзуры Дунедарӕджы фӕндӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕн фыдбылыз саразын Дунедарӕджы фӕндон у».


Израилы паддзах йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Галаадаг сахар Рамот мах кӕй у, уый уӕ рох фӕци? Рӕстӕг ма цӕуыл сафӕм, Арамы паддзахы къухӕй йӕ фӕстӕмӕ цӕуылнӕ байсӕм?»


Амалекӕгтӕ цӕрынц Негевы, хеттӕгтӕ, йевусӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтӕ — хӕхты, ханаанӕгтӕ — денджызы был ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты».


Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».


Йешуа израилӕгтӕн загъта: «Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ радта, уый райсынмӕ цӕуылнӕ ацӕут? Цы боны хорзмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсут?


Цы адӕмы ныхмӕ рацӕудзыстут, уыдон фыдбылызӕн ӕнхъӕл дӕр не сты. Дунедарӕг нын лӕвар кӕны парахат бӕстӕ, уыцы зӕхх ӕппындӕр цух ницӕмӕй у».


Фондз лӕджы фӕстӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндагмӕ, Цора ӕмӕ Ештаолы цӕрджытӕм, куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сӕ уыдон бафарстой: «Цӕй, цы зӕгъдзыстут?»


Фидар лӕуут ӕмӕ уе ’хсар равдисут, филистимӕгтӕ, ӕмӕ дзуттӕгтӕн сӕ цагъартӕ ма суат, уыдон сымахӕн цагъар куыд сты, афтӕ. Семӕ тохы бацӕут — уӕ лӕджыхъӕд ӕмӕ уӕхӕдӕг!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan