Фӕтӕгтӕ 18:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст8 Фондз лӕджы фӕстӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндагмӕ, Цора ӕмӕ Ештаолы цӕрджытӕм, куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сӕ уыдон бафарстой: «Цӕй, цы зӕгъдзыстут?» Faic an caibideil |
Даны фӕдонтӕ сӕ хӕдзарвӕндагӕй, Цора ӕмӕ Ештаолы сахартӕй, фондз адӕймаджы, фондз фӕлтӕрд хӕстоны равзӕрстой ӕмӕ сӕ арвыстой бӕрӕгдзау, цӕмӕй уыцы бӕстӕйы тыххӕй алцыдӕр базоной. Загътой сын: «Ацӕут ӕмӕ алцыдӕр сбӕрӕг кӕнут бӕстӕйы тыххӕй». Уыдон бахӕццӕ сты Ефремы хӕхтӕм, Михайы хӕдзары цурмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвиуат бакодтой.
Фондз лӕджы дарддӕр ацыдысты. Лаишы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уыцы ран адӕм сидойнӕгтау ӕнӕмӕтӕй, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрынц, уый. Сӕ алыварс, чи сӕ ӕфхӕра, сӕ зӕххӕй сӕ чи сура кӕнӕ сын ӕлдариуӕг чи кӕна, ахӕмӕй ничи царди. Сидойнӕгтӕй дард уыдысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты.