Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 18:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Фондз лӕджы дарддӕр ацыдысты. Лаишы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уыцы ран адӕм сидойнӕгтау ӕнӕмӕтӕй, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрынц, уый. Сӕ алыварс, чи сӕ ӕфхӕра, сӕ зӕххӕй сӕ чи сура кӕнӕ сын ӕлдариуӕг чи кӕна, ахӕмӕй ничи царди. Сидойнӕгтӕй дард уыдысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 18:7
13 Iomraidhean Croise  

Йӕ фыд ын уайдзӕф дӕр никуы бакодта, цӕмӕн афтӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Адониа хӕрзконд лӕппу уыд, саджы фисынтыл амад кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм. Давидӕн райгуырди Авессаломы фӕстӕ.


Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ кӕй фӕзмыдта, уый йын ӕгъгъӕд нӕ уыди, фӕлӕ ма ракуырдта сидойнӕгты паддзах Етбаалы чызг Иезавелы ӕмӕ кувын байдыдта Баалӕн.


ссардтой, дзӕбӕх, сойджын сӕрвӕттӕ кӕм уыд, ахӕм бӕстӕ, алырдӕм дӕр парахат, сабыр ӕмӕ ӕдас. Уыдоны размӕ дзы Хамы байзӕддӕгтӕ цардысты.


Сыстут! Сабыр ӕмӕ ӕнӕмастӕй чи цӕры, уыцы адӕмы ныхмӕ схӕцут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Нӕдӕр сӕм дуӕрттӕ ис, нӕдӕр ӕвдузӕнтӕ, ӕнӕхъыгдардӕй цӕрынц.


Хицӕуттӕй тӕссаг у, хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. Фӕнды дӕ, цӕмӕй хицауадӕй ма тӕрсай, уый? Араз хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕ хицауад разы уыдзӕн.


Даны хӕдзарвӕндаг фӕстӕдӕр, сӕ зӕхх куы фесӕфтой, уӕд ссыдысты Лешеммӕ, балӕбурдтой йӕм, бацахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы кардӕй ныццагътой. Ацы сахар сси сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕрцардысты дзы ӕмӕ йӕ сӕ фыдӕл Даны кадӕн схуыдтой Дан.


фыдгӕнджыты бафхӕрыны ӕмӕ хӕрзгӕнджыты барӕвдауыны тыххӕй паддзах кӕй сӕвӕры, уыцы хицӕуттӕн.


Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмар ӕмӕ маст. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы: „Ӕз ус-паддзахау бадын, ӕз идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст нӕ бавзардзынӕн!“


Сахар схуыдтой Дан — сӕ рагфыдӕл Даны, Израилы фырты, номыл. Раздӕр та сахар Лаиш хуынди.


Сауджын сын загъта: «Цӕут фарнимӕ, Дунедарӕг уемӕ ис».


Фондз лӕджы фӕстӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндагмӕ, Цора ӕмӕ Ештаолы цӕрджытӕм, куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сӕ уыдон бафарстой: «Цӕй, цы зӕгъдзыстут?»


Ӕз ын загътон, Мӕ азарӕй йӕ хӕдзар мыггагмӕ кӕй бабын уыдзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ Елиа азымджын у: уый зыдта, йӕ фырттӕ се ’нӕгъдау митӕй Хуыцауы кӕй ӕгад кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ нӕ урӕдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan