Фӕтӕгтӕ 18:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст5 Уыдон ын загътой: «Цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрцыдыстӕм, уымӕн йӕ кӕрон хорз уыдзӕн ӕви нӕ, уый-ма нын базон, бафӕрс-ма Хуыцауы». Faic an caibideil |
Паддзах Ахаз сауджын Уриайӕн бафӕдзӕхста: «Нырӕй фӕстӕмӕ стыр нывондхӕссӕныл судз райсомы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ изӕры хойраджы хуынтӕ. Мӕн ӕмӕ дзыллӕйы номӕй дӕр судз иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ, нывондхӕссӕныл-иу ӕркал сӕн, бапырх-иу ыл кӕн кусӕртты тугӕй. Ӕрхуы нывондхӕссӕн цы бауыдзӕн, уый та фӕстӕдӕр сбӕлвырд кӕндзынӕн».