4 Уый сын дзуапп радта: «Миха мӕ йӕхицӕн баххуырста, сауджынӕй йӕм кусын». Ӕмӕ сын радзырдта, Михайы хӕдзары йӕ цард куыд ӕрвиты, уый.
Искӕй хъулон кӕнын хорз нӕу, фӕлӕ адӕймаг иу къӕбӕры тыххӕй дӕр тӕригъӕд ракӕны.
Куыйтау зыд ӕмӕ кӕрӕф сты, ӕфсис нӕ зонынц. Адӕмы хъӕр кӕмӕ нӕ хъуысы, уыцы фыййӕуттау сӕ алчи тыхсы ӕрмӕст йӕхи удыл, йӕхи пайдайыл.
Мӕ адӕмы раз Мӕ фегад кодтат, уымӕн ӕмӕ армыдзаг хъӕбӕрхор ӕмӕ дзулы къӕбӕры тыххӕй мӕлӕты амӕттаг бакӕнут, мӕлгӕ чи хъуамӕ ма акӕна, уыдоны ӕмӕ цӕргӕйӕ ныууадзут, цӕрыны аккаг чи нӕу, уыдоны. Афтӕмӕй фӕливут, уӕ мӕнг ныхӕстӕм уын чи хъусы, уыцы адӕмы».
Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн искӕмӕн нӕдӕр йе ’взистмӕ, нӕдӕр йӕ сыгъзӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ.
ма уа расыггӕнаг, хылмондаг, загъдгӕнаг, ӕхцауарзаг, фӕлӕ уа ӕвӕлмас,
Ахӕмтӕн хъӕуы сӕ дзых сӕхгӕнын. Уыдон сӕ мӕнгахуырӕдтӕй ӕнӕхъӕн бинонты саразынц рӕдыд фӕндагыл, ӕмӕ сӕ уыцы ӕгады куыст арӕзт у сӕ дзыппытӕ дзаг кӕнынмӕ.
Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.
Миха йын загъта: «Мӕнмӕ лӕуу, сауджынӕй мӕм кусдзынӕ, фыды хуызӕн мын суыдзынӕ. Азмӕ дын дӕс шекелы ӕвзист дӕтдзынӕн, уымӕй уӕлдай — дзаума ӕмӕ хӕринаг». Ӕмӕ левит Михамӕ баззади.
Миха левиты сауджыны куыстыл бафтыдта, ӕмӕ йӕ хӕдзары царди.
Михайы хӕдзары раз куы уыдысты, уӕд ӕрыгон левитӕн йӕ хъӕлӕс фехъуыстой. Бацыдысты йӕм ӕмӕ йӕ бафарстой: «Ардӕм дӕ чи ӕрбакодта? Ам цы кусыс, цы мигӕнӕг дӕ?»
Уыдон ын загътой: «Цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрцыдыстӕм, уымӕн йӕ кӕрон хорз уыдзӕн ӕви нӕ, уый-ма нын базон, бафӕрс-ма Хуыцауы».