Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 18:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Уыдон, Миха кӕй сарӕзта, уыцы кӕрдгӕныв сӕхимӕ сӕвӕрдтой, ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы хӕдзар Силомы уыди, уӕдмӕ уыдис уыдонмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 18:31
8 Iomraidhean Croise  

Шехем, Силом ӕмӕ Самарийӕ Мицпамӕ ӕрбацыдысты цыппарыссӕдз лӕджы. Сӕ боцъотӕ уыдысты даст, сӕ дарӕстӕ — фӕйнӕрдӕм рӕдывд, сӕ буӕрттӕ — лыгтӕ. Уыдон Дунедарӕджы хӕдзармӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ фӕцӕйхастой.


— Уӕдӕ ацӕут Силоммӕ, Мӕ номӕн раздӕр цы бынат снысан кодтон, уырдӕм: Мӕ адӕмы, Израилы, фыдракӕндты тыххӕй Силомӕн цытӕ бакодтон, уый фенут.


Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.


Уый йын дзуапп радта: «Мах иудейаг Вифлеемӕй цӕуӕм Ефремы хӕхты фаллаг фарсмӕ, ӕз уырдыгон дӕн. Уыдтӕн иудейаг Вифлеемы ӕмӕ ныр цӕуын нӕхимӕ. Йӕ хӕдзармӕ мӕ ничи хоны.


Уый фӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди, Силомы ӕрвылаз Дунедарӕджы номыл куывд кӕй фӕкӕнынц, уый. Уыцы сахар ис Вефилӕй цӕгатӕрдӕм, Левонайы сахарӕн йӕ хуссарварс, Вефил ӕмӕ Шехемы астӕу цы фӕндаг ис, уымӕй та — скӕсӕны ’рдӕм.


Силомаг чызджыты кафгӕ куы фенат, уӕд-иу разгъорут ӕмӕ-иу сӕм фӕлӕбурут. Алчидӕр дзы йӕхицӕн фӕйнӕ иуы ракӕнӕд, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Бениамины зӕхмӕ раздӕхут.


Лӕг-иу алы аз дӕр йӕ сахарӕй араст ис Силоммӕ, цӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ скува ӕмӕ Йын нывонд ӕрхӕсса. Уым Дунедарӕджы сауджынтӕ уыдысты Елиа ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты, Хофни ӕмӕ Пинхас.


Адӕм арвыстой Силоммӕ ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ сӕрмӕ херувимтыл — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уырдыгӕй ӕрбахастой. Хуыцауы Фидыды Чырынимӕ ӕрбацыдысты Елиайы дыууӕ фырты дӕр, Хофни ӕмӕ Пинхас.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan