Фӕтӕгтӕ 18:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст3 Михайы хӕдзары раз куы уыдысты, уӕд ӕрыгон левитӕн йӕ хъӕлӕс фехъуыстой. Бацыдысты йӕм ӕмӕ йӕ бафарстой: «Ардӕм дӕ чи ӕрбакодта? Ам цы кусыс, цы мигӕнӕг дӕ?» Faic an caibideil |
Даны фӕдонтӕ сӕ хӕдзарвӕндагӕй, Цора ӕмӕ Ештаолы сахартӕй, фондз адӕймаджы, фондз фӕлтӕрд хӕстоны равзӕрстой ӕмӕ сӕ арвыстой бӕрӕгдзау, цӕмӕй уыцы бӕстӕйы тыххӕй алцыдӕр базоной. Загътой сын: «Ацӕут ӕмӕ алцыдӕр сбӕрӕг кӕнут бӕстӕйы тыххӕй». Уыдон бахӕццӕ сты Ефремы хӕхтӕм, Михайы хӕдзары цурмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвиуат бакодтой.