Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 18:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Сахар схуыдтой Дан — сӕ рагфыдӕл Даны, Израилы фырты, номыл. Раздӕр та сахар Лаиш хуынди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 18:29
11 Iomraidhean Croise  

Йӕ хион уацары ис, Аврам уый куы фехъуыста, уӕд ӕрӕмбырд кодта йӕ тохвӕлтӕрд адӕмы, йӕ хӕдзары чи райгуырди, уыдоны — ӕртӕсӕдӕ ӕстдӕс лӕджы, — ӕмӕ фӕдисы фӕцыдысты суанг Данмӕ.


Рахел загъта: «Хуыцау мӕ сраст кодта — фехъуыста мын мӕ лӕгъстӕ ӕмӕ мын лӕппу радта». Уымӕ гӕсгӕ йыл Рахел сӕвӕрдта ном Дан.


Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».


Гъемӕ дын мӕнӕ мӕ уынаффӕ: ӕрбамбырд дӕм уӕнт ӕппӕт Израил, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр ис, уыдон, денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц куыд уой, афтӕ, ӕмӕ-иу дӕхӕдӕг дӕр семӕ рацу.


Бен-Хадад сразы ис паддзах Асайы фӕндоныл ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ арвыста Израилы ныхмӕ. Уыдон бацахстой Израилы сахартӕ Ийон, Дан, Авел-Бет-Мааха, уыимӕ Неффалимы хӕдзарвӕндаджы ӕппӕт зӕхх, стӕй Киннереты алыварс зӕххытӕ иууылдӕр.


Данӕй бӕхты хуыррыт хъуысы, зӕхх нынкъуысы уырсыты мыр-мырӕй! Ӕрбацыдысты знӕгтӕ, ныхъуырынц зӕхх, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ».


Уыйадыл ссыди Моисей Моавы дӕлвӕзтӕй Невойы хохмӕ, Йерихоны бакомкоммӕ чи ис, уыцы Фасгайы сӕрмӕ. Ӕмӕ йын фенын кодта Дунедарӕг бӕстӕ кӕрӕй-кӕронмӕ — Галаадӕй Даны онг,


Даны хӕдзарвӕндаг фӕстӕдӕр, сӕ зӕхх куы фесӕфтой, уӕд ссыдысты Лешеммӕ, балӕбурдтой йӕм, бацахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы кардӕй ныццагътой. Ацы сахар сси сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕрцардысты дзы ӕмӕ йӕ сӕ фыдӕл Даны кадӕн схуыдтой Дан.


Фондз лӕджы дарддӕр ацыдысты. Лаишы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уыцы ран адӕм сидойнӕгтау ӕнӕмӕтӕй, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрынц, уый. Сӕ алыварс, чи сӕ ӕфхӕра, сӕ зӕххӕй сӕ чи сура кӕнӕ сын ӕлдариуӕг чи кӕна, ахӕмӕй ничи царди. Сидойнӕгтӕй дард уыдысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты.


Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan