Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 18:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Лаишы цӕрджытӕм ӕххуысмӕ ничи фӕзынд, уымӕн ӕмӕ сидойнӕгтӕй дард цардысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты. Лаишы сахар ис Бет-Реховы тъӕпӕны. Даны байзӕддӕгтӕ йӕ ногӕй рацарӕзтой ӕмӕ дзы ӕрцардысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 18:28
14 Iomraidhean Croise  

Аммонӕгтӕ куы бамбӕрстой, Давидӕн ӕнӕуынон фестадысты, уый, уӕд Бет-Рехов ӕмӕ Цовамӕ арвыстой ӕмӕ уымы арамейӕгтӕй ссӕдз мин фистӕг хӕстоны баххуырстой, ноджы ма баххуырстой Маахайы паддзахы, йемӕ мин лӕджы, афтӕмӕй, Товы адӕмӕй та — дыууадӕс мины.


Дӕ цагъарӕн ма дыууӕ фырты уыди; быдыры фӕхыл сты, ӕмӕ сӕ иргъӕвӕг нӕ фӕци, афтӕмӕй дзы иу иннӕйы ныццавта ӕмӕ йӕ амардта.


Уый фӕстӕ араст кодтой Галаадмӕ, стӕй та Тахтим-Ходшейы зӕхмӕ, бахӕццӕ сты Дан-Йаанмӕ. Уырдыгӕй баздӕхтысты Сидоны ’рдӕм,


О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн, ӕмӕ мӕ бахиз, мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ фервӕзын кӕн!


Уый загъта: «Ныр дӕ цины хъӕр нал райхъуысдзӕн, чи фегад ис, уыцы чызг, Сидоны чызг! Киттимы ’рдӕм адар дӕ фӕндаг! Ӕцӕг, уым дӕр не ссардзынӕ ӕнцой».


Ныр дӕ худинаджы хъӕр айхъуысти, Сидон! Мӕнӕ цы зӕгъы денджыз, денджызгӕрон фидар: «Мӕ цотӕй ӕнӕхай фӕдӕн, раст цыма арыны тухӕнтӕ не ’взӕрстон ӕмӕ цот нӕ ныййардтон; раст цыма не схастон лӕппутӕ ӕмӕ не схъомыл кодтон чызджытӕ».


Сӕ зӕххыхъӕд куыд у — сойджын у ӕви мӕгуыр, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ? Ӕнӕмӕнг ын йӕ дыргътӕй ӕрбахӕссут». Сӕнӕфсирафон уыди.


Дунедарӕг сӕ израилӕгты къухтӕм радта, ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой. Цӕгатӕрдыгӕй сӕ Сидоны стыр сахары онг, ныгуылӕнӕрдыгӕй Мисрефот-Маимы онг, скӕсӕнӕрдыгӕй та Мицпейы дӕлвӕзы онг цӕгъдгӕ фӕсырдтой, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радтой.


Ноджыдӕр Асиры зӕххытӕм хаудтой Еврон, Рехов, Хаммон ӕмӕ Кана. Арӕн хӕццӕ кодта Стыр Сидоны онг,


Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди. Даны хӕдзарвӕндаг, кӕм ӕрбынат кӕной, уый агуырдтой, уымӕн ӕмӕ сӕм Израилы хӕдзӕрвӕндӕгты ’хсӕн зӕххы хай афтӕ дӕр нал ӕрхауд.


Сахар схуыдтой Дан — сӕ рагфыдӕл Даны, Израилы фырты, номыл. Раздӕр та сахар Лаиш хуынди.


Фондз лӕджы дарддӕр ацыдысты. Лаишы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уыцы ран адӕм сидойнӕгтау ӕнӕмӕтӕй, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрынц, уый. Сӕ алыварс, чи сӕ ӕфхӕра, сӕ зӕххӕй сӕ чи сура кӕнӕ сын ӕлдариуӕг чи кӕна, ахӕмӕй ничи царди. Сидойнӕгтӕй дард уыдысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan