Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 18:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Даны фӕдонтӕ рахастой, Миха кӕй сарӕзта, уыдон, ракодтой йын йӕ сауджыны ӕмӕ ацыдысты Лаишы ныхмӕ хӕцынмӕ. Уым адӕм цардысты сабырӕй, фыдбылыз ӕнхъӕл нӕ уыдысты. Даны фӕдонтӕ сӕ карды амӕттаг бакодтой, сахар та басыгътой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 18:27
8 Iomraidhean Croise  

Дан, тӕрхоны лӕг дӕ адӕмӕн уыдзынӕ — Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуӕн.


Даны тыххӕй загъта: „Дан у лӕппын домбай, Башаны хохӕй ӕргӕпп кӕны“.


Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — израилӕгтӕ сӕ ныццагътой, Дунедарӕджы номыл сӕ бабын кодтой. Хацоры цӕрджытӕй иуы дӕр удӕгасӕй нал ныууагътой. Йешуа та сын басыгъта сӕ сахар.


Даны хӕдзарвӕндаг фӕстӕдӕр, сӕ зӕхх куы фесӕфтой, уӕд ссыдысты Лешеммӕ, балӕбурдтой йӕм, бацахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы кардӕй ныццагътой. Ацы сахар сси сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕрцардысты дзы ӕмӕ йӕ сӕ фыдӕл Даны кадӕн схуыдтой Дан.


Цы адӕмы ныхмӕ рацӕудзыстут, уыдон фыдбылызӕн ӕнхъӕл дӕр не сты. Дунедарӕг нын лӕвар кӕны парахат бӕстӕ, уыцы зӕхх ӕппындӕр цух ницӕмӕй у».


Уыйадыл Даны байзӕддӕгтӕ дарддӕр ацыдысты. Миха федта, уыдон дзы тыхджындӕр кӕй сты, уый ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхти.


Фондз лӕджы дарддӕр ацыдысты. Лаишы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уыцы ран адӕм сидойнӕгтау ӕнӕмӕтӕй, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрынц, уый. Сӕ алыварс, чи сӕ ӕфхӕра, сӕ зӕххӕй сӕ чи сура кӕнӕ сын ӕлдариуӕг чи кӕна, ахӕмӕй ничи царди. Сидойнӕгтӕй дард уыдысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты.


Гедеон, цӕугӕцардгӕнджытӕ цы фӕндагыл цыдысты, ууылты Новах ӕмӕ Йагбехайӕ скӕсӕнӕрдӕм ацыдис ӕмӕ, знаг уый ӕнхъӕл нӕ уыд, афтӕмӕй йын йӕ рӕсӕнуатмӕ бабырста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan