Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 18:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Даны фӕдонтӕ йын дзуапп радтой: «Дӕ хъӕлӕс дын куыннӕуал фехъусӕм, афтӕ! Нӕ адӕм ӕнӕуый дӕр мӕстджын сты. Сӕхи уыл куы ныццӕвой, уӕд дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр цагъды фӕуыдзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 18:25
6 Iomraidhean Croise  

Загъта ма: «Ды зоныс дӕ фыд ӕмӕ йӕ адӕмӕн се ’хсар, зоныс, йӕ лӕппынтӕ кӕмӕн байстой, уыцы мадӕл арсау ныр агъуыд кӕй уыдзысты, уый дӕр. Уыимӕ дӕ фыд, фӕлтӕрдджын хӕстон, дзыллӕимӕ иу ран нӕ бахсӕвиуат кӕндзӕн.


«Цардӕгас у Хуыцау, раст тӕрхоны аккаг мӕ Чи не скодта, Цардӕгас у Ӕппӕтхъомыс, хъизӕмӕртты хай мӕ Чи фӕкодта!


Саудалынг ӕмӕ йӕ мӕрдон фӕлм ӕнӕхъӕнӕй сӕхи бакӕнӕнт, сау ӕврагъ ыл ӕртыхсӕд, ӕмӕ йыл тар хурдалынгау стыр тас бафтауӕд!


Миха сын дзуапп радта: «Сымах радавтат, ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хуыцӕутты, ракодтат мын мӕ сауджыны! Ницыуал мӕм баззад! Ноджы ма мӕ, цы мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, фӕрсут?»


Уыйадыл Даны байзӕддӕгтӕ дарддӕр ацыдысты. Миха федта, уыдон дзы тыхджындӕр кӕй сты, уый ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхти.


Давидӕн йӕ сӕр бынтондӕр уынгӕджы фӕци. Сӕ цоты тыххӕй йӕм адӕм смӕсты сты ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Давид ныфсджын уыди Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ загъта сауджын Авиафарӕн, Ахимелехы фыртӕн: «Ӕрбахӕсс-ма мын ефод». Авиафар ӕм ӕрбахаста ефод,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan