Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 18:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Миха сын дзуапп радта: «Сымах радавтат, ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хуыцӕутты, ракодтат мын мӕ сауджыны! Ницыуал мӕм баззад! Ноджы ма мӕ, цы мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, фӕрсут?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 18:24
15 Iomraidhean Croise  

Дӕ фыды уӕзӕг фенын дӕ бафӕндыди нӕхъӕцгӕйӕ, ӕмӕ мӕнӕй рацыдтӕ, уый, зӕгъӕм, фӕуӕд афтӕ, фӕлӕ мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн радавтай?»


Уӕдмӕ Рахел хуыцаугӕндтӕ райста, теуайы саргъыл цы хордзен ӕфтыд уыди, уым сӕ нывӕрдта ӕмӕ йыл ӕрбадти. Лаван ын басгӕрста йӕ цатыры ӕппӕт къуымтӕ, фӕлӕ ницы ссардта.


Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, Йӕ пехуымпары йӕм арвыста, ӕмӕ йын уый загъта: «Цӕмӕн кувыс уыцы адӕмы хуыцӕуттӕм, уыдонӕн сӕ бон куы не сси сӕ адӕмы дӕ къухӕй фервӕзын кӕнын?»


Бузныджы нывонд Дын ӕрхӕсдзынӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн.


Йӕ цӕугӕдӕттӕ бахус уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уый у гуымирыты зӕхх! Уыдоны тыххӕй йӕ цӕрджытӕн сӕ сӕрызонд фӕцыд!


Ӕдылытӕ сты адӕм, зонынад сӕм нӕй. Алы згъӕртайынгӕнӕг дӕр йӕхи худинаг кӕны йӕ джиппыуагъд гуымирытӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ хуыцаугӕндтӕ мӕнг сты, уд сӕ нӕй.


Охола Мыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕнӕуаг митӕ кодта йӕ хӕзгултимӕ, ассириаг хӕстонтимӕ.


Афтӕмӕй та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Азийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы — баууӕндын сӕ кодта, адӕймаджы къухтӕ кӕй сарӕзтой, уыдон хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ.


Зӕххон паддзӕхтӕ йемӕ хъахбай митӕ фӕкодтой, зӕххон цӕрджытӕ расыг кодтой йӕ хъахбайдзинады сӕнӕй».


Миха дзырдта: «Ныр ӕз фидарӕй ӕууӕндын, Дунедарӕг мыл кӕй ауды, ууыл, уымӕн ӕмӕ мӕ хӕдзары левит у сауджын».


Афтӕ Михамӕ фӕзынди йӕхи кувӕндон. Ефод ӕмӕ хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ дӕр сарӕзта, сауджынӕй та сӕвӕрдта йӕ фырты.


Даны байзӕддӕгтӕ фӕсте хъӕртӕ куы айхъуыстой, уӕд разылдысты ӕмӕ Михайы бафарстой: «Цы дӕ хъӕуы? Цӕмӕн ӕрӕмбырд кодтай адӕмы?»


Даны фӕдонтӕ йын дзуапп радтой: «Дӕ хъӕлӕс дын куыннӕуал фехъусӕм, афтӕ! Нӕ адӕм ӕнӕуый дӕр мӕстджын сты. Сӕхи уыл куы ныццӕвой, уӕд дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр цагъды фӕуыдзысты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan