Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 18:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Даны байзӕддӕгтӕ фӕсте хъӕртӕ куы айхъуыстой, уӕд разылдысты ӕмӕ Михайы бафарстой: «Цы дӕ хъӕуы? Цӕмӕн ӕрӕмбырд кодтай адӕмы?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 18:23
8 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ фӕсидти: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй.


Паддзах ӕй фӕрсы: «Цы дӕ хъӕуы?» Уый йын дзуапп радта: «Идӕдз сылгоймаг дӕн, мӕ мой амарди.


Цы дӕ хъӕуы?» Уый йын загъта: «Мӕнӕ мын ацы ус афтӕ, цӕй ӕмӕ, дам, абон дӕу лӕппуйы бахӕрӕм, райсом та мӕноны.


Дунедарӕг фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг у, барон у нӕ Хуыцау.


Рагуац Цӕстылуайӕнты дӕлвӕзы тыххӕй. Дӕ цӕрджытӕ уӕлхӕдзӕрттӕм цы схызтысты?


Даны фӕдонтӕ Михайы хӕдзарӕй куы адард сты, уӕд сӕ Миха, йӕ сыхӕгтӕй кӕмӕ фӕсидтис, уыдонимӕ ӕрбаййӕфта.


Миха сын дзуапп радта: «Сымах радавтат, ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хуыцӕутты, ракодтат мын мӕ сауджыны! Ницыуал мӕм баззад! Ноджы ма мӕ, цы мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, фӕрсут?»


Уыцы рӕстӕг Саул йӕ галты фӕстӕ ӕрбацӕйцыди быдырӕй ӕмӕ бафарста: «Цы ’рцыди адӕмыл, цӕуыл кӕуынц?» Ӕмӕ йын Иавешы цӕрджыты ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan