Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 18:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Сауджын бацин кодта. Ефод, хӕдзарон хуыцаугӕндты, стӕй джиппыуагъд гуымирыйы рахаста ӕмӕ адӕмимӕ баиу ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 18:20
13 Iomraidhean Croise  

Цъулберӕн дыууӕ чызджы ис: ӕри! ӕри! Ис ӕртӕ ӕнӕфсисы, цыппӕрӕм та «ӕгъгъӕд» никуы зӕгъдзӕн:


Куыйтау зыд ӕмӕ кӕрӕф сты, ӕфсис нӕ зонынц. Адӕмы хъӕр кӕмӕ нӕ хъуысы, уыцы фыййӕуттау сӕ алчи тыхсы ӕрмӕст йӕхи удыл, йӕхи пайдайыл.


Мӕ адӕмы раз Мӕ фегад кодтат, уымӕн ӕмӕ армыдзаг хъӕбӕрхор ӕмӕ дзулы къӕбӕры тыххӕй мӕлӕты амӕттаг бакӕнут, мӕлгӕ чи хъуамӕ ма акӕна, уыдоны ӕмӕ цӕргӕйӕ ныууадзут, цӕрыны аккаг чи нӕу, уыдоны. Афтӕмӕй фӕливут, уӕ мӕнг ныхӕстӕм уын чи хъусы, уыцы адӕмы».


Уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах ӕрлӕудзӕни дыууӕ фӕндаджы райдиан ӕмӕ дӕсны фӕрсын райдайдзӕн: хӕлттау цӕгъддзӕни йӕ фаттӕ, фӕрсдзӕни йӕ хӕдзарон хуыцаугӕндты, игӕрмӕ кӕсдзӕни.


Уый тыххӕй бахус уыдзӕни зӕхх, ӕмӕ фырвӕллад бауыдзысты йе ’ппӕт цӕрджытӕ — быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ суанг денджызы кӕсӕгтӕ дӕр бабын уыдзысты.


Уӕхицӕн гуымирытӕ ма аразут, хуыцаугӕндтӕ, табуйаг дурцӕджындзтӕ ӕмӕ нывӕфтыд дуртӕ ма ӕвӕрут, цӕмӕй сӕм куват, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн искӕмӕн нӕдӕр йе ’взистмӕ, нӕдӕр йӕ сыгъзӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ.


Уыдонӕн сӕ кӕрон — бынсӕфт, сӕ хуыцау — сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.


Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.


Миха йын загъта: «Мӕнмӕ лӕуу, сауджынӕй мӕм кусдзынӕ, фыды хуызӕн мын суыдзынӕ. Азмӕ дын дӕс шекелы ӕвзист дӕтдзынӕн, уымӕй уӕлдай — дзаума ӕмӕ хӕринаг». Ӕмӕ левит Михамӕ баззади.


Уыдон ын загътой: «Ныхъхъус у, мацы дзур! Цом немӕ, сауджынӕй нӕм кусдзынӕ, фыды хуызӕн нын суыдзынӕ. Кӕмӕ хуыздӕр у сауджынӕй кусын: цавӕрдӕр лӕгмӕ йӕ хӕдзары мидӕг ӕви ӕнӕхъӕн хӕдзарвӕндагмӕ, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иумӕ?»


Хӕстонтӕ дарддӕр ацыдысты. Сӕ бинонты ӕд исбон ӕмӕ ӕд фосы рӕгъӕуттӕ разӕй ауагътой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan