Фӕтӕгтӕ 18:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст17-18 Фондз сгарӕджы Михайы хӕдзармӕ бацыдысты ӕмӕ хуыцауы кӕрдгӕныв, ефод, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ, стӕй джиппыуагъд гуымирыйы рахастой, сауджын та лӕууыди кулдуары цур, йӕ разы — ӕхсӕзсӕдӕ гӕрзифтонг хӕстоны. Сауджын сӕ бафарста: «Уый цы ми кӕнут?» Faic an caibideil |
Даны фӕдонтӕ сӕ хӕдзарвӕндагӕй, Цора ӕмӕ Ештаолы сахартӕй, фондз адӕймаджы, фондз фӕлтӕрд хӕстоны равзӕрстой ӕмӕ сӕ арвыстой бӕрӕгдзау, цӕмӕй уыцы бӕстӕйы тыххӕй алцыдӕр базоной. Загътой сын: «Ацӕут ӕмӕ алцыдӕр сбӕрӕг кӕнут бӕстӕйы тыххӕй». Уыдон бахӕццӕ сты Ефремы хӕхтӕм, Михайы хӕдзары цурмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвиуат бакодтой.