13 Уырдыгӕй араст сты Ефремы хӕхтӕм. Михайы хӕдзармӕ куы бахӕццӕ сты,
Йешуайы баныгӕдтой йӕ зӕххы хайы, Ефремы хохыл Тимнат-Серахы, Гаашы хохӕн цӕгатӕрдыгӕй.
Амарди Аароны фырт Елеазар дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ фырт Пинхасы сахар Гевӕйы, Ефремы хӕхты, Пинхасӕн цӕрӕнуатӕн лӕвӕрд чи ӕрцыд, уым.
Ефремы хохыл цардис иу лӕг, йӕ ном — Миха.
Раздӕр Иудейы, Кирйат-Иариммӕ хӕстӕг, рӕсӕнуат скодтой. Уыцы бынат абоны онг дӕр Махане-Дан хуыйны. Уый ис Кирйат-Иаримы цур.
уӕд, уымӕй размӕ Лаишмӕ бӕрӕгдзау цы фондз хӕстоны ацыдысты, уыдон иннӕтӕн загътой: «Сымах зонут, ацы хӕдзӕрттӕй иуы хуыцауы кӕрдгӕныв, ефод, хуыцаугӕндтӕ ӕмӕ джиппыуагъд гуымиры кӕй ис, уый? Уӕдӕ ахъуыды кӕнут, цы кӕнгӕ уын у, ууыл».
Израилы паддзах куынӕ уыд, уыцы заман Ефремы хӕхты фахсыл цардис иу лӕг — левит. Уый иудейаг Вифлеемӕй йӕхицӕн номылус ӕрбакодта.