12 Раздӕр Иудейы, Кирйат-Иариммӕ хӕстӕг, рӕсӕнуат скодтой. Уыцы бынат абоны онг дӕр Махане-Дан хуыйны. Уый ис Кирйат-Иаримы цур.
Хуыцауы Фидыды Чырын йӕ заманы Давид Кирйат-Иаримӕй ӕрбахаста, Йерусалимы йын цы бынат скодта, уырдӕм.
Кирйат-Баал (ома Кирйат-Иарим) ӕмӕ Равва — дыууӕ сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.]
Хохы сӕрӕй арӕн фӕзылди Нефтоахы донгуырӕнмӕ ӕмӕ рахызт Ефроны хӕхбӕсты сахартӕм, уырдыгӕй та фӕзылди Бааламӕ (ома Кирйат-Иариммӕ).
Уӕд израилӕгтӕ абалц кодтой ӕмӕ сын ӕртыккаг бон сӕ сахартӕм бахӕццӕ сты. Сӕ сахартӕ та уыдысты Гивон, Кефира, Беерот ӕмӕ Кирйат-Иарим.
Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти Махане-Даны, Цора ӕмӕ Ештаолы ’хсӕн.
Даны хӕдзарвӕндагӕй, Цора ӕмӕ Ештаолы сахартӕй, ӕхсӕзсӕдӕ гӕрзифтонг хӕстоны хӕстмӕ рацыдысты.
Уырдыгӕй араст сты Ефремы хӕхтӕм. Михайы хӕдзармӕ куы бахӕццӕ сты,
Минӕвӕрттӕ арвыстой Кирйат-Иаримы цӕрджытӕм, цӕмӕй сын зӕгъой: «Филистимӕгтӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын фӕстӕмӕ раздӕхтой. Рацӕут ӕмӕ йӕ уӕхимӕ ахӕссут».
Кирйат-Иаримы цӕрджытӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын сӕхимӕ ахастой. Уым ӕй къуылдымыл цӕрӕг Авинадавы хӕдзармӕ схастой, ӕмӕ йын Авинадавы фырт Елеазары хъахъхъӕнӕг сӕвӕрдтой.