11 Даны хӕдзарвӕндагӕй, Цора ӕмӕ Ештаолы сахартӕй, ӕхсӕзсӕдӕ гӕрзифтонг хӕстоны хӕстмӕ рацыдысты.
Шефелайы: Ештаол, Цора, Ашна,
Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти Махане-Даны, Цора ӕмӕ Ештаолы ’хсӕн.
Цы адӕмы ныхмӕ рацӕудзыстут, уыдон фыдбылызӕн ӕнхъӕл дӕр не сты. Дунедарӕг нын лӕвар кӕны парахат бӕстӕ, уыцы зӕхх ӕппындӕр цух ницӕмӕй у».
Раздӕр Иудейы, Кирйат-Иариммӕ хӕстӕг, рӕсӕнуат скодтой. Уыцы бынат абоны онг дӕр Махане-Дан хуыйны. Уый ис Кирйат-Иаримы цур.
Даны фӕдонтӕй ӕхсӕзсӕдӕ хӕстоны гӕрзифтонгӕй лӕууыдысты кулдуары цур.