Фӕтӕгтӕ 18:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст10 Цы адӕмы ныхмӕ рацӕудзыстут, уыдон фыдбылызӕн ӕнхъӕл дӕр не сты. Дунедарӕг нын лӕвар кӕны парахат бӕстӕ, уыцы зӕхх ӕппындӕр цух ницӕмӕй у». Faic an caibideil |
Фондз лӕджы дарддӕр ацыдысты. Лаишы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уыцы ран адӕм сидойнӕгтау ӕнӕмӕтӕй, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрынц, уый. Сӕ алыварс, чи сӕ ӕфхӕра, сӕ зӕххӕй сӕ чи сура кӕнӕ сын ӕлдариуӕг чи кӕна, ахӕмӕй ничи царди. Сидойнӕгтӕй дард уыдысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты.