Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 17:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди, ӕмӕ алчидӕр кодта, цы йӕ фӕндыд, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 17:6
13 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ, Израилӕн паддзах куы нӕма уыди, уыцы заман Едомы бӕстӕйы паддзӕхтӕ.


Ӕркӕс мӕм, дзуапп мын ратт, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Рухс фенын кӕн мӕ цӕстытӕн, цӕмӕй мӕрдон фынӕй ма бауон,


Ӕдылымӕ йӕ фӕндаг раст кӕсы, куырыхон та уынаффӕтӕм хъусы.


Адӕймагмӕ иуӕй-иу фӕндаг раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ ’ркӕны.


Алчидӕр йӕ фӕндӕгтӕ сыгъдӕгыл нымайы, фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары.


Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Ныртӕккӕ сымах, кӕмӕ уӕ куыд растдӕр кӕсы, афтӕ кӕнут, фӕлӕ уым хъуамӕ ма кӕнат афтӕ.


Уыди уый паддзах Йешуруны, Израилы хӕдзарвӕндӕгтимӕ-иу адӕмы фӕтӕгтӕ куы ’рбамбырд сты, уӕд.


Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди. Даны хӕдзарвӕндаг, кӕм ӕрбынат кӕной, уый агуырдтой, уымӕн ӕмӕ сӕм Израилы хӕдзӕрвӕндӕгты ’хсӕн зӕххы хай афтӕ дӕр нал ӕрхауд.


Израилы паддзах куынӕ уыд, уыцы заман Ефремы хӕхты фахсыл цардис иу лӕг — левит. Уый иудейаг Вифлеемӕй йӕхицӕн номылус ӕрбакодта.


Уыцы заман Израилӕн паддзах нӕ уыди ӕмӕ алчидӕр, раст ӕм куыд касти, афтӕ кодта.


«О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ацы бӕллӕх ныл цӕй тыххӕй ӕрцыди? Ныр Израил йӕ иу мыггагӕй куы фӕцух!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan