Фӕтӕгтӕ 17:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст2 Иу хатт йӕ мадӕн афтӕ зӕгъы: «Мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы дӕ ӕвзист куы фесӕфти, уӕд дын ӕз де ’лгъыст фехъуыстон. Уыцы ’хца мӕнӕ сты, ӕз сӕ райстон». Мад загъта: «Дунедарӕг арфӕ ракӕнӕд мӕ лӕппуйӕн!» Faic an caibideil |
Уӕдӕ мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах ӕрбайхъусӕд йӕ цагъармӕ. Кӕд дӕ мӕ ныхмӕ Дунедарӕг сардыдта, уӕд Ын ӕрхастӕуӕд зӕрдӕлхӕнӕн нывонд, кӕд — адӕм, уӕд уыдоны та Дунедарӕг ралгъитӕд! Ныр мӕ уыдон фӕсырдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг Израилӕн цы бӕстӕ радта, уымӕй мын хай ма уа. Загътой мын: „Ацу ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кув“.