Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 17:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Миха левиты сауджыны куыстыл бафтыдта, ӕмӕ йӕ хӕдзары царди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 17:12
9 Iomraidhean Croise  

Йоровам ма уыдонӕй уӕлдай скодта кувӕн къуыбыртӕ, уыдоныл та кувӕндӕттӕ ӕмӕ сын сауджынтӕ сӕвӕрдта Левийы байзӕддагӕй нӕ, фӕлӕ хуымӕтӕг адӕмӕй.


Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн загъта: «Райсом сӕумӕйӕ равдисдзӕн Дунедарӕг, Йӕхи чи у ӕмӕ сыгъдӕг чи у, стӕй Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуын кӕй уадзы, уый. Кӕй равзӕрста, уымӕн Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуыны бар ратдзӕн.


Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг, стӕй дӕ хӕдзарвӕндаг иууылдӕр, дзуапп дӕтдзыстут, Уаз Цӕрӕн куы фӕчъизи уа, уӕд. Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг дзуапп дӕтдзыстут, уӕ сауджынлӕггад куы фӕчъизи уа, уӕд.


Сразы ис Михайы хӕдзары цӕрыныл, ӕмӕ йын хъӕбулы ад скодта.


Миха дзырдта: «Ныр ӕз фидарӕй ӕууӕндын, Дунедарӕг мыл кӕй ауды, ууыл, уымӕн ӕмӕ мӕ хӕдзары левит у сауджын».


Даны фӕдонтӕ кӕрдгӕныв сӕхимӕ сӕвӕрдтой. Фыццаг сӕм сауджынӕй куыста Моисейы фырты фырт, Гершомы фырт Йонатан, уый фӕстӕ та, суанг цалынмӕ уыцы зӕххы цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты, уӕдмӕ — Йонатаны фӕдонтӕ.


Уый сын дзуапп радта: «Миха мӕ йӕхицӕн баххуырста, сауджынӕй йӕм кусын». Ӕмӕ сын радзырдта, Михайы хӕдзары йӕ цард куыд ӕрвиты, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan