Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 17:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ефремы хохыл цардис иу лӕг, йӕ ном — Миха.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 17:1
11 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ уллуты ӕмӕ сӕ чи цы зылды хицау уыди, уыдоны нӕмттӕ: Бен-Хур — уый уыди Ефремы хӕхбӕсты хицау;


Хохы сӕрӕй арӕн фӕзылди Нефтоахы донгуырӕнмӕ ӕмӕ рахызт Ефроны хӕхбӕсты сахартӕм, уырдыгӕй та фӕзылди Бааламӕ (ома Кирйат-Иариммӕ).


Ефремы хохыл сын радтой ӕмбӕхсӕн сахар Шехем йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, стӕй Гезер йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ;


Йешуайы баныгӕдтой йӕ зӕххы хайы, Ефремы хохыл Тимнат-Серахы, Гаашы хохӕн цӕгатӕрдыгӕй.


Авимелехы фӕстӕ Израилы ирвӕзынгӕнӕг сси Додойы фырты фырт, Пуайы фырт Тола, Иссахары хӕдзарвӕндагӕй. Уый царди Шамиры, Ефремы хӕхты.


Самсоны ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕ Газӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын йӕ мард ахастой. Баныгӕдтой йӕ Цора ӕмӕ Ештаолы астӕу, йӕ фыд Маноахы зӕппадзы. Самсон Израилы фӕтӕг уыди ссӕдз азы.


Иу хатт йӕ мадӕн афтӕ зӕгъы: «Мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы дӕ ӕвзист куы фесӕфти, уӕд дын ӕз де ’лгъыст фехъуыстон. Уыцы ’хца мӕнӕ сты, ӕз сӕ райстон». Мад загъта: «Дунедарӕг арфӕ ракӕнӕд мӕ лӕппуйӕн!»


Уырдыгӕй араст сты Ефремы хӕхтӕм. Михайы хӕдзармӕ куы бахӕццӕ сты,


Даны фӕдонтӕ сӕ хӕдзарвӕндагӕй, Цора ӕмӕ Ештаолы сахартӕй, фондз адӕймаджы, фондз фӕлтӕрд хӕстоны равзӕрстой ӕмӕ сӕ арвыстой бӕрӕгдзау, цӕмӕй уыцы бӕстӕйы тыххӕй алцыдӕр базоной. Загътой сын: «Ацӕут ӕмӕ алцыдӕр сбӕрӕг кӕнут бӕстӕйы тыххӕй». Уыдон бахӕццӕ сты Ефремы хӕхтӕм, Михайы хӕдзары цурмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвиуат бакодтой.


Ефремы хӕхтӕм ссыди ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд. Израилӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ, ӕфсады разӕй йӕхӕдӕг, афтӕмӕй хӕхтӕй ӕрцыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan