Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 16:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уыдон та ӕрӕмбӕхстысты йӕ уаты. Далилӕ Самсонмӕ дзуры: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Самсон нуӕрттӕ, гӕн ӕндахыл арт куыд сирвӕзы, уыйау ӕрбаскъуыдта, ӕмӕ йӕ тыхы сусӕгдзинад нӕ раргом ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 16:9
5 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ сыл Ды фӕхуддзынӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт адӕмты сӕгад кӕндзынӕ.


Самсонимӕ куыддӕр Лехийы сахармӕ бахӕццӕ сты, афтӕ филистимӕгтӕ, хъӕргӕнгӕ, йӕ размӕ разгъордтой. Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон гӕнау асыгъдысты, ӕмӕ йӕ къухтӕ феуӕгъд сты.


Уӕд ын Далилӕ загъта: «Асайдтай мӕ! Зӕгъ-ма мын, цӕй, цӕмӕй дӕ сбӕттӕн ис, уый!»


Самсон ын загъта: «Чи нӕма бахус, ахӕм авд хом нуарӕй мӕ куы сбӕттай, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн, хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн».


Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕйӕн, чи нӕма бахус, ахӕм авд хом нуары ӕрбахастой, ӕмӕ Самсоны сбаста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan