7 Самсон ын загъта: «Чи нӕма бахус, ахӕм авд хом нуарӕй мӕ куы сбӕттай, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн, хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн».
Раст ныхӕстӕ баззайдзысты ӕнусмӕ, мӕнг ныхас — ӕрмӕстдӕр иу уысммӕ.
Ӕдылыйыл хиппӕлой ныхӕстӕ нӕ фидауынц, уӕзданыл та — мӕнг ныхӕстӕ.
Уӕд та, — чидӕртӕ мыл куыд мысынц, цыма уӕ ӕз ууыл ахуыр кӕнын, уыйау, — ӕвзӕрдзинад кӕнын райдайӕм, цӕмӕй хорздзинад расайа? Уыцы адӕймӕгты, цы тӕрхоны аккаг сты, уый баййафдзӕн.
Уӕхиуыл сайд ма ӕруадзут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн.
Кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ ма дзурут, уымӕн ӕмӕ сымах фервӕзтыстут уӕ зӕронд ӕрдзыхъӕдӕй йӕ хъуыддӕгтимӕ
Уӕд ын Далилӕ загъта: «Асайдтай мӕ! Зӕгъ-ма мын, цӕй, цӕмӕй дӕ сбӕттӕн ис, уый!»
Далилӕ Самсоны бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕцӕй дӕм ис ахӕм хъару? Куыд дӕ ис сбӕттӕн ӕмӕ дын дӕ хъару басӕттӕн цӕмӕй ис?»
Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕйӕн, чи нӕма бахус, ахӕм авд хом нуары ӕрбахастой, ӕмӕ Самсоны сбаста.
Уыдон та ӕрӕмбӕхстысты йӕ уаты. Далилӕ Самсонмӕ дзуры: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Самсон нуӕрттӕ, гӕн ӕндахыл арт куыд сирвӕзы, уыйау ӕрбаскъуыдта, ӕмӕ йӕ тыхы сусӕгдзинад нӕ раргом ис.
Уӕд Саул Мелхолӕйы бафарста: «Цӕмӕн мӕ афӕлывтай? Ме знаджы мын лидзын цӕмӕн бауагътай?» Мелхолӕ йын дзуапп радта: «Афтӕ мын загъта: „Ауадз мӕ, кӕннод дӕ амардзынӕн“».
уӕд-иу ӕй уый бафарста: «Кӕмӕ бабырстат ныр та?» Давид-иу ын дзуапп радта: «Негевмӕ, Иудейы зӕхмӕ», кӕнӕ: «Негевмӕ, йерахмеелонты зӕхмӕ», кӕнӕ та: «Негевмӕ, кенӕгты зӕхмӕ».