6 Далилӕ Самсоны бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕцӕй дӕм ис ахӕм хъару? Куыд дӕ ис сбӕттӕн ӕмӕ дын дӕ хъару басӕттӕн цӕмӕй ис?»
Цыппар хатты мӕм ӕрбаминӕвар кодтой, ӕмӕ сын цыппар хатты дӕр уыцы иу дзуапп лӕвӕрдтон.
Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?
Искӕй усы ’взаг — арф сӕрсӕфӕн, Дунедарӕг кӕй ралгъита, уый дзы ныххаудзӕн.
Фӕлитойӕн йӕ амӕттаг — ӕнӕуынон, сайӕгой ӕвзаг фыдбылыз цӕттӕ кӕны.
Хъахбай сылы фӕдыл куы ацӕуай, уӕд къӕбӕры фаг дӕр нал кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ искӕй ус дӕ царды фӕдыл зилы.
Алыхуызон хинӕйдзаг митӕй йӕ асайдта, адджын ныхӕстӕй йӕ фӕрӕдийын кодта.
Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.
Ма ӕууӕнд дӕ хионыл, де ’рдхордыл дӕ зӕрдӕ ма дар, дӕ хуыссӕнуаты чи фынӕй кӕны, уымӕн дӕр-иу мацы схъӕр кӕн.
Ус ӕнӕхъӕн авд боны, цалынмӕ куывд цыди, уӕдмӕ фӕкуыдта ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы иу ран нал уагъта. Самсон дзы стыхсти ӕмӕ йын ӕвдӕм бон уыци-уыцийы дзуапп загъта, уый та йӕ радзырдта филистимӕгтӕн.
Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Ракъах Самсоны: ахӕм хъару йӕм кӕцӕй ис? Куыд ыл фӕуӕлахиз уӕм? Куыд ӕй ис сбӕттӕн ӕмӕ басӕттӕн? Махӕй дын алчидӕр мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы ӕвзист ратдзӕни».
Самсон ын загъта: «Чи нӕма бахус, ахӕм авд хом нуарӕй мӕ куы сбӕттай, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн, хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн».