Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 16:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Ракъах Самсоны: ахӕм хъару йӕм кӕцӕй ис? Куыд ыл фӕуӕлахиз уӕм? Куыд ӕй ис сбӕттӕн ӕмӕ басӕттӕн? Махӕй дын алчидӕр мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы ӕвзист ратдзӕни».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 16:5
17 Iomraidhean Croise  

Тӕккӕ уыцы бон Исав фӕстӕмӕ аздӕхти Сеирмӕ,


Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд.


ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы.


Уыцы зӕххытӕ (нымад цӕуынц Ханааны зӕххыты иу хайыл) Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй цӕгатӕрдӕм ӕххӕссынц Екронмӕ. Фондз филистимаг хицауы зӕххытӕм хауынц: Газӕ, Ашдод, Ашкелон, Гат ӕмӕ Екрон, стӕй аввайӕгты зӕхх хуссарӕрдыгӕй.


Куывды цыппӕрӕм бон куы ралӕууыд, уӕд Самсоны усӕн загътой: «Дӕ сӕрыхицауы ракъах, ӕмӕ уыци-уыцийӕн йӕ дзуапп схъӕр кӕна. Науӕд дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр басудздзыстӕм. Цӕмӕн нӕм фӕдзырдтат? Цӕмӕй нӕ бастигъат, уымӕн?»


Уый фӕстӕ иу сылгоймаджы бауарзта. Уый царди Соречы дӕлвӕзы, йӕ ном хуынди Далилӕ.


Далилӕ Самсоны бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕцӕй дӕм ис ахӕм хъару? Куыд дӕ ис сбӕттӕн ӕмӕ дын дӕ хъару басӕттӕн цӕмӕй ис?»


Иу хатт йӕ мадӕн афтӕ зӕгъы: «Мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы дӕ ӕвзист куы фесӕфти, уӕд дын ӕз де ’лгъыст фехъуыстон. Уыцы ’хца мӕнӕ сты, ӕз сӕ райстон». Мад загъта: «Дунедарӕг арфӕ ракӕнӕд мӕ лӕппуйӕн!»


Уыдон уыдысты филистимӕгты фондз ӕлдарады, стӕй Ливаны хӕхты, Баал-Хермонӕй Лево-Хаматы онг чи царди, уыцы ханаанӕгтӕ, сидойнӕгтӕ ӕмӕ хиввӕгтӕ се ’ппӕт дӕр.


Уӕд Ахиш Давидмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ды ӕууӕнкджын лӕг дӕ, ӕмӕ мын ӕхсызгон уаид, ацы хӕстон балцы мемӕ куы цӕуис, уӕд. Ӕз дӕм де ’рбацыдӕй абонмӕ ӕвзӕрӕй ницы бафиппайдтон, фӕлӕ ӕлдӕртты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуыс.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan