Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 16:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уый фӕстӕ иу сылгоймаджы бауарзта. Уый царди Соречы дӕлвӕзы, йӕ ном хуынди Далилӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 16:4
9 Iomraidhean Croise  

Фараоны чызгӕй уӕлдай ма Соломон бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты дӕр: моавӕгты, аммонӕгты, едомӕгты, сидойнӕгты, хеттӕгты,


Уыдӕтты тыххӕй, зӕгъын, нӕ фӕтӕригъӕдджын ис Израилы паддзах Соломон? Ахӕм паддзах иунӕг адӕммӕ дӕр нӕ уыди. Йӕ Хуыцау ӕй уарзта ӕмӕ йӕ ӕппӕт израилӕгтӕн паддзах скодта, фӕлӕ йӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕ фӕтӕригъӕдджын кодтой.


Искӕй усы ’взаг — арф сӕрсӕфӕн, Дунедарӕг кӕй ралгъита, уый дзы ныххаудзӕн.


Хъахбай сылгоймаг — арф сӕрсӕфӕн, искӕй ус — уынгӕг цъай.


Куыдз йӕ омдзӕгтӕм куыд раздӕхы, афтӕ зондцух дӕр йе ’рра митӕ нӕ фӕуадзы.


Ӕдылыйы нӕмгуытимӕ фӕхты куы фӕхойай, уӕд дӕр дзы йе ’дылы зонд нӕ фӕхицӕн уыдзӕн.


Уыдӕттӕ та махӕн зондыхос сты — фыдӕхмӕ ӕмхиц ма уӕм, уыдон ӕм куыд ӕмхиц уыдысты, афтӕ.


Самсон та ӕмбисӕхсӕвмӕ фӕфынӕй кодта, стӕй сыстади. Сахары кулдуар йӕ дыууӕ цӕджындзимӕ ӕд ӕвдузӕнтӕ рарӕдывта, йе ’ккоймӕ йӕ систа ӕмӕ йӕ, Хевроны акомкоммӕ цы хох ис, уый сӕрмӕ схаста.


Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Ракъах Самсоны: ахӕм хъару йӕм кӕцӕй ис? Куыд ыл фӕуӕлахиз уӕм? Куыд ӕй ис сбӕттӕн ӕмӕ басӕттӕн? Махӕй дын алчидӕр мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы ӕвзист ратдзӕни».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan