Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 16:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Уадз ӕмӕ филистимӕгтимӕ амӕлон!» Цӕджындзтыл тыххӕст акодта, ӕмӕ хӕдзар филистимӕгты хицӕуттыл, стӕй ма дзы цы адӕм уыди, уыдоныл ныккалди. Самсон, мӕрдтӕм цӕугӕйӕ, цас знӕгтӕ амардта, уый бӕрц йе ’гасӕй никуы фесӕфта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 16:30
21 Iomraidhean Croise  

Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».


ӕнаккаджы цин бирӕ кӕй нӕ хӕссы, ӕнӕхуыцауы ферад рӕстӕгмӕ кӕй у, уый?


Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?


Раргом мӕм Дӕ Кувӕндоны, федтон Дын Дӕ кад ӕмӕ Дӕ хъару.


Адӕймаг, йӕ царды ӕвзӕр рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕнис, уый нӕ фӕзоны. Кӕсаг ахсӕн хызы куыд бахауы, маргъ — къӕппӕджы, афтӕ адӕймаджы ӕвиппайды къӕппӕгмӕ басайынц, ӕмӕ йыл фыдбылыз ӕрцӕуы.


Уымӕн ӕмӕ, йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.


Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.


Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цӕмӕн риссын кӕнут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йесойы номы сӕраппонд Йерусалимы амӕлынмӕ дӕр».


Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕд дӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕнын уе ’ппӕтимӕ дӕр.


Чырыстийы хъуыддаджы сӕраппонд Эпафродит мӕлӕтмӕ цыди, йӕ цард ӕвгъау нӕ кодта, цӕмӕй, сымахӕн уӕ бон цы нӕ уыди, уыцы ӕххуыс мын уӕ бӕсты бакӕна.


Уый нӕ, фӕлӕ ма Йӕхи уымӕй ноджы фӕныллӕгдӕр кодта ӕмӕ сӕрныллӕгӕй мӕлӕт райста, дзуарылтыгъдӕй мӕлӕт.


Хицӕуттӕн ӕмӕ барджынтӕн байста сӕ хотыхтӕ, фӕуӕлахиз сыл дзуарылтыгъдӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕгад сты ӕппӕт дунейы раз.


Хуыснӕг ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд фӕзыны, Бардарӕджы ’рцыды бон дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕхӕдӕг дӕр бӕлвырдӕй зонут.


Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Самсон Ашкелонмӕ ацыд ӕмӕ уым дӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардта. Сӕ дарӕстӕ сын раласта ӕмӕ сӕ, уыци-уыци чи базыдта, уыдонӕн радта. Уый фӕстӕ мӕстджынӕй йӕ фыды хӕдзармӕ раздӕхти.


Самсон ауыдта, чи нӕма бахус, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр. Фелвӕста йӕ ӕмӕ дзы мин филистимаджы амардта.


Самсон филистимӕгтӕн сӕ фӕрстӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныппырх кодта, уый фӕстӕ ацыд ӕмӕ, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уым ӕрцарди.


Самсон, хӕдзар цы дыууӕ астӕуккаг цӕджындзыл хӕцыд, уыдоныл ӕрӕнцой кодта, иу къухӕй — рахиз цӕджындзыл, иннӕмӕй — галиуыл,


Самсоны ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕ Газӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын йӕ мард ахастой. Баныгӕдтой йӕ Цора ӕмӕ Ештаолы астӕу, йӕ фыд Маноахы зӕппадзы. Самсон Израилы фӕтӕг уыди ссӕдз азы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan