Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 16:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Самсон та ӕмбисӕхсӕвмӕ фӕфынӕй кодта, стӕй сыстади. Сахары кулдуар йӕ дыууӕ цӕджындзимӕ ӕд ӕвдузӕнтӕ рарӕдывта, йе ’ккоймӕ йӕ систа ӕмӕ йӕ, Хевроны акомкоммӕ цы хох ис, уый сӕрмӕ схаста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 16:3
6 Iomraidhean Croise  

Цӕлхдуртӕ пырхгӕнӕг ацӕудзӕни сӕ разӕй, ӕмӕ, сӕ фӕндагыл цы бырутӕ уа, уыдон ныппырх кӕндзысты, кулдуары уылты ахиздзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр рацӕудзысты. Сӕ паддзах сӕ разӕй цӕудзӕн, сӕ сӕргъы та уыдзӕни Дунедарӕг.


Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыстӕ ӕмӕ Йӕ райгас кодта — мӕлӕтӕн Ӕй йӕ бон бауромын нӕ уыд.


Газӕйы цӕрджытӕ базыдтой, Самсон сахары кӕй ис, уый. Уыцы бынаты алыварс ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв сахары кулдуары раз фӕхъахъхъӕдтой. Ӕгас ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ фӕкастысты ӕмӕ дзырдтой: «Боныцъӕхты йӕ амардзыстӕм!»


Уый фӕстӕ иу сылгоймаджы бауарзта. Уый царди Соречы дӕлвӕзы, йӕ ном хуынди Далилӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan