29 Самсон, хӕдзар цы дыууӕ астӕуккаг цӕджындзыл хӕцыд, уыдоныл ӕрӕнцой кодта, иу къухӕй — рахиз цӕджындзыл, иннӕмӕй — галиуыл,
Самсон Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, ӕрхъуыды мӕ кӕн! Хуыцау, хъару мын ратт ныр, ӕмӕ иу хаттӕн филистимӕгтӕй мӕ дыууӕ цӕсты маст сисон!»
ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Уадз ӕмӕ филистимӕгтимӕ амӕлон!» Цӕджындзтыл тыххӕст акодта, ӕмӕ хӕдзар филистимӕгты хицӕуттыл, стӕй ма дзы цы адӕм уыди, уыдоныл ныккалди. Самсон, мӕрдтӕм цӕугӕйӕ, цас знӕгтӕ амардта, уый бӕрц йе ’гасӕй никуы фесӕфта.
Дунедарӕджы Уд ныууагъта Саулы, ӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕй ӕрвыст фыдмон удхарӕй мардта.