28 Самсон Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, ӕрхъуыды мӕ кӕн! Хуыцау, хъару мын ратт ныр, ӕмӕ иу хаттӕн филистимӕгтӕй мӕ дыууӕ цӕсты маст сисон!»
О нӕ Хуыцау! Дӕхӕдӕг сын тӕрхонгӕнӕг фӕу! Уымӕн ӕмӕ махмӕ хъару нӕй уыцы ӕнӕнымӕц ӕфсӕдты ныхмӕ ӕрлӕууынӕн. Ницыуал зонӕм нӕ сӕрӕн, Дӕумӕ у нӕ каст!»
Нӕ фырттӕ уадз ӕмӕ фестой, ӕвзонгӕй бӕрзонд чи фӕцыд, уыцы бӕлӕстау, нӕ чызджытӕ та — галуаны нывӕфтыд цӕджындзтау.
Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,
О Дунедарӕг, Ды алцыдӕр зоныс! Ӕрымыс мӕ, ӕркӕс мӕм, мӕ сурджытӕй мын мӕ маст райс! Ды бирӕбыхсаг дӕ, ма мӕ фесаф; Дӕ сӕраппонд хынджылӕггаг кӕй сдӕн, уый зоныс.
Хӕхтӕн сӕ бындурмӕ ныххӕццӕ дӕн, зӕхх мыл йе ’вдузӕнтӕ сӕхгӕдта мыггагмӕ, фӕлӕ мын Ды, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ уд ракӕндзынӕ зындонӕй.
Бирӕ фыдбылызтӕ мын сарӕзта ӕрхуыгуырд Александр. Бардарӕг ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Баракы, Самсоны, Йеффайы, Давиды, Самуелы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн.
Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»
Самсон дойныйӕ марди ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта: «Ды мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, балӕвар кодтай ацы стыр уӕлахиз. Уӕдӕ ныр дойныйӕ амӕлдзынӕн ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕтты къухтӕм бахаудзынӕн?»
Хӕдзар та йедзаг уыди нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй, филистимӕгты паддзӕхтӕ иууылдӕр уым уыдысты, уӕлхӕдзары та уыдис ӕртӕ мин адӕймаджы. Уыдон ӕрӕмбырд сты Самсонмӕ бакӕсынмӕ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ирхӕфсын сӕ кӕд райдайдзӕни, уымӕ.
Самсон, хӕдзар цы дыууӕ астӕуккаг цӕджындзыл хӕцыд, уыдоныл ӕрӕнцой кодта, иу къухӕй — рахиз цӕджындзыл, иннӕмӕй — галиуыл,
Дунедарӕг, Де знӕгтӕ афтӕ фесӕфӕнт! Дунедарӕджы Чи уарзы, уыдон та — тӕмӕнкалгӕ хуры ӕнгӕс! Дыууиссӕдз азы бӕстӕ уыди сабыр.