Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 16:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Куы бахъӕлдзӕг сты, уӕд загътой: «Ӕрбакӕнут-ма Самсоны, уадз ӕмӕ нӕ ахудын кӕна!» Самсоны ахӕстонӕй ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ хӕдзары цӕджындзты астӕу ӕрлӕууын кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 16:25
23 Iomraidhean Croise  

Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Уӕ хъус ӕм дарут, ӕмӕ Амнон куыддӕр сӕнӕй бахъӕлдзӕг уа, афтӕ уын зӕгъдзынӕн: „Цӕвут Амноны“, ӕмӕ-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут, ӕз уын зӕгъын афтӕ. Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ фӕстӕмӕ ма фӕлӕуут».


Куы йын ӕй фехъусын кодтой, уӕд йӕ асадӕны йӕ дӕлбар паддзӕхтимӕ минас кодта ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта: «Сахары ныхмӕ ӕрлӕуут!» Ӕмӕ ӕрлӕууыдысты.


Ӕвдӕм бон Ксеркс, сӕнӕй дзӕбӕх куы бахъӕлдзӕг, уӕд фӕсидти йӕ авд лӕггадгӕнӕгмӕ, евнухтӕм, — Мехуман, Биззета, Харвона, Бигта, Авагта, Зетар ӕмӕ Каркасмӕ.


Фӕдисӕттӕ ӕвӕстиатӕй ацыдысты паддзахы бардзырд сӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы уынаффӕ фехъусын чындӕуыд Шушаны фидары. Паддзах ӕмӕ Аман куывды ӕрбадтысты, Шушаны сахар та схъомпал ис.


Фӕлӕ сымах уый бӕсты хъӕлдзӕгдзинад сарӕзтат; цин кӕнут, галтӕ ӕмӕ фыстӕ ӕргӕвдут, дзидза хӕрут, сӕн нуазут ӕмӕ дзурут: «Цӕй уӕдӕ хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм — уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»


Сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, Йӕ рахиз къухмӕ та Йын радтой лӕдзӕг. Сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты Йӕ разы ӕмӕ Йӕ мӕстӕй мардтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»


Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты ӕппӕрстой.


Адӕм дӕр, Самсонмӕ кӕсгӕйӕ, кад кодтой сӕ хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын, нӕ зӕххытӕ нын чи сафтид кодта ӕмӕ нӕ бирӕты чи фӕмардта, уыцы знаджы нӕ къухмӕ радта».


Самсон, йӕ фӕдыл ӕй цы лӕггадгӕнӕг кодта, уымӕн загъта: «Хӕдзар цы цӕджындзтыл ӕнцайы, уыдоныл-ма мӕ андзӕвын кӕн мӕ уырзтӕй, ӕмӕ сыл ӕз ӕрӕнцой кӕнон».


Сауджын бацин кодта. Ефод, хӕдзарон хуыцаугӕндты, стӕй джиппыуагъд гуымирыйы рахаста ӕмӕ адӕмимӕ баиу ис.


Ӕрбадтысты та, иумӕ бахордтой, бануӕзтой, ӕмӕ та левитӕн йӕ каис афтӕ зӕгъы: «Цӕй, ахсӕв ма лӕуу, баулӕф».


Уый фӕстӕ левит йӕ номылус ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгимӕ йӕхи фӕндагмӕ цӕттӕ кӕнын байдыдта. Йӕ каис та йын загъта: «Акӕс-ма, изӕрдалынгтӕ кӕны, ахсӕв ам лӕуу! Баулӕф ӕмӕ райсом сӕумӕцъӕхӕй ацӕудзыстут уӕ хӕдзармӕ».


Сӕнӕфсирдонмӕ ацыдысты, ӕртыдтой сӕнӕфсир, сӕндуцӕны йӕ ныллӕмӕрстой ӕмӕ куывд скодтой. Сӕ хуыцауы хӕдзары сӕхи ирхӕфстой ӕмӕ цин кодтой. Фынгтӕ равӕрдтой, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ Авимелехы фыдгой кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan