Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 16:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Филистимӕгтӕ Самсоны ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Газӕйы сахармӕ йӕ акодтой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ мӕнӕу ссыныл бафтыдтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 16:21
15 Iomraidhean Croise  

Цедекиайӕн йӕ фыртты аргӕвстой йӕ цӕстыты раз, йӕхицӕн та йын йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йӕ хъадаманты мидӕг Вавилонмӕ акодтой.


Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.


сӕ паддзӕхты сын сбӕттой рӕхыстӕй, сӕ уӕздӕттыл сын хъадамантӕ бакӕной,


ӕмӕ Мысыры бӕстӕйы алы фыццаг зӕнӕг ӕрбамӕлдзӕн — паддзахы бадӕны бадӕг фараоны хистӕр фырт дӕр, ӕрмгуыройӕ хор чи ссы, уыцы цагъар сылгоймаджы хистӕр фырт дӕр ӕмӕ ӕппӕт фосы фыццаг зӕйц дӕр.


Ӕнӕуагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуыдзӕн, хорз адӕймагӕн дӕр афтӕ.


Мидӕмӕ йӕм чи бахизы, уый царды фӕндагыл нал ацӕуы.


Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.


Ӕрмгуыроймӕ ӕрӕвнал ӕмӕ ссын райдай! Дӕ кӕрдӕн сис, дӕ фӕччитыл схӕц, дӕ уӕрджытӕ байгом кӕн ӕмӕ дӕтты сӕрты хиз!


Уый фӕстӕ Навуходоносоры бардзырдмӕ гӕсгӕ Цедекиайӕн йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йыл паддзах хъадамантӕ бакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ Вавилонмӕ акӕна.


Нӕ тырынтӕ куыройы фыдтӕ зилынц, фӕкӕлынц сугты бын нӕ лӕппутӕ!


Кӕд нӕ, мыййаг, йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕм не ’рбакодтай ӕмӕ нын хуымгӕндтӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ нӕ радтай! Афтӕ ӕнхъӕлыс, ӕмӕ адӕмыл цӕстытӕ нӕй? Нӕ дӕм бацӕудзыстӕм!»


Дыууӕ сылгоймаджы ӕрмгуыройыл сдзысты хор — сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.


Далилӕ та ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Самсон фехъал ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Ницы кӕны, ацы хатт дӕр та аирвӕздзынӕн». Нӕма зыдта, Дунедарӕг ӕй кӕй ныууагъта, уый.


Самсонӕн йӕ сӕрыхъуынтӕ ногӕй рӕзын байдыдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan