Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 16:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Далилӕ бамбӕрста, Самсон ын йӕ сусӕгдзинад кӕй раргом кодта, уый ӕмӕ филистимӕгты хицӕуттӕм фӕдзырдта: «Рацӕут! Раргом мын кодта йӕ сусӕгдзинад». Филистимӕгты хицӕуттӕ йӕм ӕрбацыдысты ӕвзистимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 16:18
11 Iomraidhean Croise  

Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, ме знаг!» Уый йын дзуапп радта: «Ссардтон дӕ, уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ сты, уыдоныл бафтыдтӕ.


Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.


[Зивӕггӕнаг тӕрсгӕ-ризгӕйӕ цӕры, буц ахуыр сыдӕй мӕлдзӕни.]


Ацыдысты Моав ӕмӕ Мидианы хистӕртӕ. Балаамӕн мызд ахастой дӕсныфӕрсӕггаг ӕмӕ йын Балакы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы.


Сымах хъуамӕ зонат: нӕдӕр хӕтагӕн, нӕдӕр чъизи адӕймагӕн, нӕдӕр кӕрӕфӕн — уымӕн ӕмӕ кӕрӕф мӕнгхуыцауӕн кувӕг у, — Чырыстийы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хай нӕ уыдзӕн.


Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг у ӕхцамӕ бӕллын. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхиуыл хъизӕмӕрттӕ бафтыдтой.


Ӕмӕ йын уӕд йӕ сусӕгдзинад радзырдта: «Ӕз мӕ сӕрыхъуынтӕ никуы алвыдтон. Мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕз дӕн Хуыцауы назир. Мӕ сӕрыхъуынтӕ куы алвынон, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн».


Далилӕ Самсоны куы бафынӕй кодта, уӕд йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ фӕдзырдта, ӕмӕ йын уый йӕ сӕрӕй авд дзыккуйы ралыг кодта. Самсон фыццаг хатт ӕрлӕмӕгъ ис, йӕ хъару фесӕфти.


Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Ракъах Самсоны: ахӕм хъару йӕм кӕцӕй ис? Куыд ыл фӕуӕлахиз уӕм? Куыд ӕй ис сбӕттӕн ӕмӕ басӕттӕн? Махӕй дын алчидӕр мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы ӕвзист ратдзӕни».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan