Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 16:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Далилӕ йын загъта: «Уарзыс мӕ, зӕгъгӕ, мын дзурыс, афтӕмӕй мыл не ’ууӕндыс! Ӕртӕ хатты мӕ асайдтай, дӕ тыхы сусӕгдзинад цӕй мидӕг ис, уый та мын ныронг нӕ раргом кодтай!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 16:15
18 Iomraidhean Croise  

Йаков Рахелы тыххӕй бакуыста авд азы, ӕмӕ йӕм фӕкастысты цалдӕр боны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Рахелы уарзгӕ кодта.


Авессалом Хушайӕн зӕгъы: «Афтӕ ӕнувыд дзы куынӕ уай дӕ лымӕныл! Цӕуылнӕ ацыдтӕ йемӕ?»


Цыппар хатты мӕм ӕрбаминӕвар кодтой, ӕмӕ сын цыппар хатты дӕр уыцы иу дзуапп лӕвӕрдтон.


Афтӕмӕй дӕхи бахиздзынӕ искӕй усӕй, моймӕдзыды узӕлӕг ныхӕстӕй,


Мӕ лӕппу, ме ’рдӕм раздах дӕ зӕрдӕ, дӕ цӕстӕнгас мӕ фӕндӕгтӕм сараз.


Кӕд Мӕ уарзут, уӕд ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ.


Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй.


Уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт уд ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ.


Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты.


Уӕд ус, цӕссыгкалгӕ, Самсонӕн загъта: «Нал мӕ уарзыс! Мӕ хӕстӕджытӕн мын уыци-уыци радзырдтай ӕмӕ йын йӕ дзуапп мӕнӕн дӕр нӕ дзурыс!» Самсон ын афтӕ зӕгъы: «Мӕ ныййарджытӕн куы ницы схъӕр кодтон, уӕд ӕй дӕуӕн цӕмӕн хъуамӕ радзурон?»


Самсон куы бафынӕй, уӕд ын Далилӕ йӕ сӕрыхъуынтӕй авд дзыккуйы ног хъуымацы бабыдта ӕмӕ хъуымац телӕй уафӕн тӕрхыл ныххоста. Уый фӕстӕ Далилӕ ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Уый фехъал ӕмӕ тел ӕд хъуымац срӕдывта.


Далилӕ Самсонӕн алы бон дӕр ахӕм ныхӕстӕ кодта ӕмӕ йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, удхарӕй йӕ мардта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan