Фӕтӕгтӕ 16:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст12 Далилӕ ног бӕндӕнтӕ райста, сбаста йӕ ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Уыдон та уаты бадтысты. Самсон бӕндӕнтӕ ӕндӕхтау ӕрбаскъуыдтӕ кодта. Faic an caibideil |
Далилӕ йын загъта: «Сайыс мӕ! Раст ныхас мын нӕ дзурыс! Цӕй-ма, схъӕр мын ӕй кӕн, цӕмӕй дӕ сбӕттӕн ис, уый!» Самсон ын дзуапп радта: «Мӕ сӕрыхъуынтӕй мын авд дзыккуйы хъуымацы цӕхгӕрмӕ куы сбийай ӕмӕ хъуымац телӕй уафӕн тӕрхыл куы ныххойай, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн».