8 Самсон филистимӕгтӕн сӕ фӕрстӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныппырх кодта, уый фӕстӕ ацыд ӕмӕ, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уым ӕрцарди.
Уый рацарӕзта Вифлеем, Етам, Текоа,
Дунедарӕг Йӕ арм дардзӕни Сионыл. Моав ссӕст ӕрцӕудзӕн, хъӕмп фаджысы куыд ныссӕндынц, уыйау.
«О, Ӕз иунӕгӕй лӕмӕрстон сӕн, адӕмтӕй Мӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд. Ӕмӕ Ӕз Мӕ фыр мӕстӕй се ’ппӕты дӕр ссӕстон мӕ къӕхты бын, лӕмӕрстон сӕ сӕнӕфсиры цупӕлттау. Сӕ туг Мыл-иу ӕрбакалд ӕмӕ Мын мӕнӕ самӕста Мӕ дарӕс.
Ӕмӕ уӕд фыр мӕстӕй Мӕ къӕхты бын ныссӕстон алы адӕмты, ныффалгӕрон сӕ кодтон ӕмӕ сын сӕ туг акалдтон зӕххыл».
пиллон арт-иу бамынӕг кодтой, карды комӕй-иу аирвӕзтысты, уыдысты лӕмӕгъ ӕмӕ-иу сӕм хъару фӕзынди. Хӕсты уыдысты тыхджын, лидзӕг-иу фӕкодтой ӕндӕрбӕстӕгты ӕфсӕдтӕ.
Иудейы цӕрджытӕ сӕ бафарстой: «Нӕ ныхмӕ хӕцын цӕмӕн сфӕнд кодтат?» Уыдон сын дзуапп радтой: «Мах ӕрбацыдыстӕм Самсоны сбӕттынмӕ, нӕ маст райсынмӕ!»
Иудейы цӕрджытӕй ӕртӕ мины, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уырдӕм ацыдысты ӕмӕ Самсонӕн загътой: «Филистимӕгтӕн сӕ дӕлбар стӕм, уый куы зоныс, уӕд цытӕ кӕныс?» Самсон сын дзуапп радта: «Сӕхӕдӕг мын куыд бакодтой, ӕз дӕр сын афтӕ».
Самсон филистимӕгтӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ маст ӕххӕстӕй нӕ райсон, уӕдмӕ не ’рсабыр уыдзынӕн».
Филистимӕгтӕ Иудеймӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ дзы рӕсӕнуат скодтой, Лехийы сахар бацахстой.