Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 15:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Самсон филистимӕгтӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ маст ӕххӕстӕй нӕ райсон, уӕдмӕ не ’рсабыр уыдзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 15:7
5 Iomraidhean Croise  

Уӕ маст макӕмӕй исут, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, фӕлӕ йӕ бакӕнут Хуыцауы фыдӕхы ӕвджид. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Сыгъдӕг Фысты зӕгъы: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн».


Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Самсон Ашкелонмӕ ацыд ӕмӕ уым дӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардта. Сӕ дарӕстӕ сын раласта ӕмӕ сӕ, уыци-уыци чи базыдта, уыдонӕн радта. Уый фӕстӕ мӕстджынӕй йӕ фыды хӕдзармӕ раздӕхти.


Уыцы заман израилӕгтӕ уыдысты филистимӕгты дӕлбар. Дунедарӕджы фӕндыд, цӕмӕй филистимӕгтӕ сӕхӕдӕг загъд ракъахой. Самсоны фыд ӕмӕ мад нӕ зыдтой, уыцы хъуыддаг Дунедарӕгӕй кӕй рацыди, уый.


Филистимӕгтӕ адӕмы фарстой: «Уый чи бакодта?» Ӕмӕ сын чидӕр загъта: «Уый Самсон уыди, Тимнайы сахарӕй иу лӕджы сиахс. Чызджы фыд ын йӕ усы йӕ фынгӕмбӕлттӕй иуӕн радта, ӕмӕ дзы Самсон йӕ маст райста». Уӕд филистимӕгтӕ ацыдысты, фыды дӕр ӕмӕ чызджы дӕр басыгътой.


Самсон филистимӕгтӕн сӕ фӕрстӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныппырх кодта, уый фӕстӕ ацыд ӕмӕ, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уым ӕрцарди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan