Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 15:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Филистимӕгтӕ адӕмы фарстой: «Уый чи бакодта?» Ӕмӕ сын чидӕр загъта: «Уый Самсон уыди, Тимнайы сахарӕй иу лӕджы сиахс. Чызджы фыд ын йӕ усы йӕ фынгӕмбӕлттӕй иуӕн радта, ӕмӕ дзы Самсон йӕ маст райста». Уӕд филистимӕгтӕ ацыдысты, фыды дӕр ӕмӕ чызджы дӕр басыгътой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 15:6
6 Iomraidhean Croise  

Фыдракӕндтӕ чи тауы, уый фыдбылызы бахаудзӕн, йӕ фыдӕхы лӕдзӕг ӕвӕдӕй фесӕфдзӕн.


Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сымахӕй уыцы хъуыддаджы йе ’фсымӕры тӕригъӕды мачи бацӕуа ӕмӕ йӕ ма асайа йӕхи пайдайӕн. Уымӕн ӕмӕ уын мах раздӕр куыд дзырдтам ӕмӕ уӕ рагацау куыд фӕдзӕхстам, афтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй адӕймаг ӕфхӕрд баййафдзӕн.


Ефремы фӕдонтӕ ӕрӕмбырд сты, ӕрбацыдысты Цафоны сахармӕ ӕмӕ Йеффайӕн загътой: «Аммонӕгты ныхмӕ куы хӕцыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай? Уый тыххӕй дын дӕ хӕдзар демӕ басудздзыстӕм».


Куывды цыппӕрӕм бон куы ралӕууыд, уӕд Самсоны усӕн загътой: «Дӕ сӕрыхицауы ракъах, ӕмӕ уыци-уыцийӕн йӕ дзуапп схъӕр кӕна. Науӕд дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр басудздзыстӕм. Цӕмӕн нӕм фӕдзырдтат? Цӕмӕй нӕ бастигъат, уымӕн?»


Уый фӕстӕ цырӕгътӕ ссыгъта ӕмӕ рувӕсты филистимӕгты быдыртыл аскъӕрдта. Сӕ хосы мӕкъуылтӕ, мӕнӕуы хуымтӕ, сӕндӕттӕ ӕмӕ сой бӕлӕстӕ сын иууылдӕр басыгъта.


Самсон филистимӕгтӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ маст ӕххӕстӕй нӕ райсон, уӕдмӕ не ’рсабыр уыдзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan