Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 15:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уый фӕстӕ цырӕгътӕ ссыгъта ӕмӕ рувӕсты филистимӕгты быдыртыл аскъӕрдта. Сӕ хосы мӕкъуылтӕ, мӕнӕуы хуымтӕ, сӕндӕттӕ ӕмӕ сой бӕлӕстӕ сын иууылдӕр басыгъта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 15:5
5 Iomraidhean Croise  

Уӕд Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Уартӕ мӕ хуымы фарсмӕ — Йоавы хъӕбӕрхоры хуым. Цӕугӕут ӕмӕ йыл зынг бафтаут». Авессаломы дӕлдӕртӕ уыцы хуымыл зынг бафтыдтой.


Исчи арт куы скӕна, ӕмӕ арт сыхаджы хуымы какон ӕмбондыл куы схӕца ӕмӕ куыристӕ кӕнӕ ӕнӕкарст хоры хуым куы басудза, уӕд арт скӕнӕг, цы зиан ракодта, уый бафидӕд.


фӕлӕ-иу сӕ ӕвдӕм аз мауал байтаут. Йӕхигъӕдӕй уӕ хуымты цы ’рзайа, уый-иу хӕрӕнт уӕ адӕмы мӕгуыртӕ, уыдоны уӕлдӕйттӕ та — сырдтӕ. Афтӕ-иу бакӕнут уӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ уӕ оливӕ бӕлӕстӕн дӕр.


Самсон ацыд, ӕртӕсӕдӕ сыл рувасы ӕрцахста, сӕ къӕдзилтӕй сӕ кӕрӕдзиуыл къӕйттӕй сбаста ӕмӕ алы къайыл дӕр фӕйнӕ цырагъы бабаста.


Филистимӕгтӕ адӕмы фарстой: «Уый чи бакодта?» Ӕмӕ сын чидӕр загъта: «Уый Самсон уыди, Тимнайы сахарӕй иу лӕджы сиахс. Чызджы фыд ын йӕ усы йӕ фынгӕмбӕлттӕй иуӕн радта, ӕмӕ дзы Самсон йӕ маст райста». Уӕд филистимӕгтӕ ацыдысты, фыды дӕр ӕмӕ чызджы дӕр басыгътой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan